Бастрыкин: ÆУТ æнæхъусдардæй ныууагъта ирæтты массон куынæг

© Sputnik / Лана Парастаева2008 азы августы хæст
2008 азы августы хæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цауты равзæрсты Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон ницы хъусдард аздæхта Уæрæсейы бавдыст æрмæджытæм, фехъусын кодта Александр Бастрыкин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ÆУТ не `ркаст ирæтты массон куынæгкæнынмæ.

ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон (ÆУТ) зыгъуыммæ равдыста 2008 азы Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутæ, ницæмæ æрдардта ирæтты массон куынæгкæнын æмæ Уæрæсейы бавдыст æрмæджытæ, фехъусын кодта Уæрæссейы Слесткæнæн комитеты (СК) сæргълæууæг Александр Бастрыкин.

"ÆУТ зыгъуыммæ равдыста 2008 азы Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутæ, фæдæсгæрсты арæнæй æддейæ ныууагъта Хуссар Ирыстоны цæрджыты ирон хайы массон куынæджы æмæ 16 мин лигъдæтты фæдыл факттæ. Ахæм хатдзæг арæзт æрцыд, кæд Слестгæнæн комитет тæрхондонæн йæхи домæнмæ гæсгæ ÆУТ-ы прокурормæ æнæфæцудгæ бавдысттæ бадæтта, уæддæр", — загъта Бастрыкин.

Бастрыкин банысан кодта, Хуссар Ирыстоны цауты фæдыл ÆУТ-ы равзæрсты предмет кæй ссисты адæймагады ныхмæ æмæ æфсæддон фыдракæндтæ, кæцытæ развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хотыхджын дæлхæйттæ сарæзтой Гуырдзыстоны нæ, фæлæ Хуссар Ирыстоны.

2008 азы Гуырдзыстоны æфсад бабырстой Хуссар Ирмæ æмæ йын ныппырх кодтой йæ хай. Уæрæсе, республикæйы цæрджыты бахъахъхъæныны нысанæн, бакодта йе ‘фсад æмæ ахæцыд респупликæйæ æддæмæ гуырдзиаг æфсадыл. Уæрæсе æххуыс кæны Хуссар Ирыстонæн йæ экономикæ сæндидзын кæнынæн. Хуссар Ирыстоны "фондзбонон хæсты" фæстæ Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет, кæцытæ раздæр уыдысты Гуырдзыстоны сконды.

Ног хабӕртты лентӕ
0