Æгъуызарты Тамерлан балӕууыд РХИ-йы ном раивыны идейӕйы фарс

© Пресс-служба президента и правительства Æгъуызарты Тамерлан ӕмӕ Тыбылты Леонид
Æгъуызарты Тамерлан ӕмӕ Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æгъуызарты Тамерлан банысан кодта, РЦИ-Аланийæн кæй ис æххæстмасштабон плæнттæ Хуссар Ирыстонимæ æмгуыстады фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстон хорзыл нымайы Хуссар Иры ном раивыны идейæ Республикæ Хуссар Ирыстон — Аланимæ, фехъусын кодтой РЦИ-А сæргълæууæджы пресс-службæйы.

"Æгъуызарты Тамерлан хорзыл нымайы Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды хъæппæрис бæстæйы ном Хуссар Ирыстон-Аланимæ раивыны тыххæй", — фехъусын кодтой æртыццæджы пресс-службæйы.

Æгъуызарты Тамерлан ма загъта, активонæй кæй æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтæн.

"Мах тынг фæнды, цæмæй реализаци цæуой социалон — экономикон, культурон бастдзинæдтæ, уырыссаг æмæ ирон æвзæгты программæтæ", — загъта Æгъуызарты Тамерлан.

Уый банысан кодта, Цӕгат Ирыстонӕн "стыр нывӕзт кӕй ис экономикон ӕмгуыстады фӕдыл агросӕудӕджерадон фадыджы, сӕрмагондӕй та дзырд цӕуы дыргъдӕттӕ скӕныныл, халсар ӕрзайын кӕнын ӕмӕ фосдарды куыстыл".

Ӕмгуыстады хицӕн фадыг уыдзӕн, Ӕгъуызарты Тамерланы хъуыдымӕ гӕсгӕ, Транскавказы фӕндаджы размӕцыдыл куыст дӕр. Ацы трассӕ у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстон.

Ног хабӕртты лентӕ
0