Къусреты хъӕуы ссардгонд хӕцӕнгӕрзты ӕмбӕхсӕн ӕрцӕудзӕн куынӕг

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хъӕутӕй иуы ссардӕуыд хӕстӕрмӕджыты сусӕг ӕвӕрӕн. Ам цы хӕцӕнгӕрзтӕ ссардтой, уыдон ӕрцӕудзысты куынӕг Цхинвалӕй дӕрддзӕф бынаты.

ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Цхинвалы районы Къусреты хъӕуы иу ӕдзӕрӕг хӕдзары ссардӕуыд бирӕбӕрц хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ, фехъусын кодтой Sputnik Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕйы.

Ӕмбӕхсӕн ссардтой хӕстӕрмӕджытӕ, рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзты ӕнӕзакъонон ӕрзылды каналтӕ ӕрӕхгӕныны нысанӕн оперативон-фӕдагурӕн мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы.

"Ссардӕуыд бирӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ. Уыдон нымӕцы танчы ныхмӕ гранатӕхсӕджы 70 гилдзы, гранатӕхсӕджы топпыхосы 65 комплекты, 12 кумулятивон гранатӕйы", — загътой ПӔК —ы пресс-службӕйы.

Хӕстӕрмӕджытӕ ссарыны факты фӕдыл уагъд цӕуынц слестгӕнӕн мадзӕлттӕ.Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты кусджытӕ сгарынц, хӕстӕрмӕджытӕ цы хӕдзары ссардӕуыд, уый, фӕрсынц бынӕттон цӕрджыты, агурынц бӕлвырд информаци хӕстӕрмӕджыты ацы сусӕг ӕвӕрӕны тыххӕй.

Мадзӕлтты фӕстӕ хӕстӕрмӕджытӕ ӕрцӕудзысты куынӕг сфидаргонд фӕткмӕ гӕсгӕ республикӕйы УУМ-ы хайадистӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0