Путин схорзӕхджын кодта ирон паралимпиаг спортсменты

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæПутин схорзӕхджын кодта ирон паралимпиаг спортсменты
Путин схорзӕхджын кодта ирон паралимпиаг спортсменты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрзонд хорзӕх райста Паралимпион хъӕзтыты уӕлахиздзау, Европӕ ӕмӕ дунейы чемпион паратхэквондойӕ Гӕззаты Спартак.

ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Паралимпион хъӕзтыты уӕлахиздзау, Европӕ ӕмӕ дунейы чемпион паратхэквондойӕ, 2013 азы Ирыстоны хуыздӕр спортсмен Гӕззаты Спартакы Уӕрӕсейы президент Владимир Путин схорзӕхджын кодта премийӕ "Возвращение в жизнь", хъусын кӕны газет "Слово".

"Ацы аз мадзалмӕ хуынд ӕрцыдысты паралимпион спортсментӕ ӕмӕ тренертӕ, кӕцыты къухы 2015 азы бафтыд ахадгӕ спортивон ӕнтыстытӕ, уыдон ӕхсӕн уыдысты ирон спорсментӕ дӕр — Европӕ ӕмӕ дунейы чемпион паратхэквондойӕ, 2013 азы Ирыстоны хуыздӕр спортсмен Гӕззаты Спартак, Уӕрӕсейы футболы паралимпийаг ӕмбырдгонды размӕбырсӕг Пагӕты Заурбек ӕмӕ ӕмбырдгонды хъахъхъӕнӕг, дунейы дыууӕ хатты чемпион Саппиаты Аслан", — дзырдӕуы ӕрмӕджы.

Хорзӕхкӕныны церемони ацыд Паралимпийаг комитеты сӕвзӕрдыл 20 азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты фӕлгӕтты. Преми лӕвӕрд цыд 10 номинацийы. Мадзалы раныхас кодта УФ-йы президент Владимир Путин.

Ног хабӕртты лентӕ
0