ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Æхсæнадæмон уголовон тæрхондоны прокурор Фату Бенесудайы уынаффæтæ сты дывæр стандартты цæвиттон æмæ абсурд, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид.
"Бенсудайы уынаффæтæ, ома 2008 азы амæттæгты æхсæн ис гуырдзиаг батальоны фидауынгæнджытæ, сты абсурд æмæ мæнг. Гуырдзиаг фидауынгæнæн батальон, кæцыйы нысан уыд сабырад бахъахъхъæнын, гуырдзыстойнаг операци "сыгъдæг быдыр"-ы райдианы размæ ныууагъта дисслокацийы бынат", — загъта президент.
Уый зæрдыл æрлæууын кодта, Сабырад хъахъхъæныны фæдыл æмхæццæ тыхты скондæй æрмæстдæр уæрæсейаг фидауынгæнджыты æхсæн кæй уыд амæттæгтæ.
Президенты ныхæстæм гæсгæ, уымæ диссаг кæсы, æмæ цыфæнды фыдракæнд дæр æнæхъулонæй цы орган хъуамæ æвзара, уый райдиан стадийы ныридæгæн кӕй аразы ахæм уынаффæтæ.
"Æппæт дуне зоны, 2008 азы августы Гуырдзыстон æрбабырста Хуссар Ирыстонмæ. Æмæ абон та Фату Бенсудайы уынаффæты хъуысынц дывæр стандарттæ æмæ бацæуæнтæ цæстуынгæ æцæгдзинадмæ. Æз, куыд Хуссар Ирыстоны президент, зонын, ницæй этникон сыгъдæгкæнынад кæй нæ уыд. Цхинвалы районы гуырдзиаг цæрджыты иууылдæр развæлгъау акодтой Гуырдзыстонмæ. Хуссар Ирыстоны æххæстмасштабон хæст уыдзæн, уый зонгæйæ, ацы адæм сæ хъæутæй лидзгæйæ, сæхæдæг сыгътой сæ хæдзæрттæ", — банысан кодта президент.
Тыбылты Леониды нымадмæ гæсгæ, ÆУТ ныртæккæ архайы равдисын, 2008 азы аххосджын кæй уыдысты ирæттæ æмæ Уæрæсе, уымæ гæсгæ ацы организацийы æрдыгæй нæ хъæуы æнхъæлмæ кæсын объективон хатдзæгтæм.