Дзӕуджыхъӕуы хъӕбысхӕсты академийӕн нӕй ӕмбал Кавказы

© Sputnik / Дзерасса БиазартиХӕдӕрцаты Асланы номыл хъӕбысхӕсты академи байгом Дзӕуджыхъӕуы
Хӕдӕрцаты Асланы номыл хъӕбысхӕсты академи байгом Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы академийӕн Цӕгат Кавказы нӕй ӕмбал. Ис дзы ӕппӕт уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй ам уагъд цӕуой ерыстӕ ӕгӕрыстӕмӕй профессионалон спортсментӕн дӕр.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik, Дзерасса Биазарти. Хӕдӕрцаты Асланы номыл хъӕбысхӕсты академи байгом Дзӕуджыхъӕуы. Sputnik уацхӕссӕг федта уникалон спортивон комплекс, кӕцыйы ис стыр, ӕхсӕз гауызимӕ зал, цыран ӕмрӕстӕджы сӕ бон у тренировкӕ кӕнын 100 спортсменӕн, афтӕ ма бассейн, тренажерон зал, сауна, хӕрӕндон ӕмӕ физикон цӕттӕдзинады иумӕйаг зал.

Академийы дӕлбар ма ноджы ис интернат, кӕцы нымад у 50 адӕймагыл. Ам цӕрдзысты ӕмӕ тренировкӕ кӕндзысты ӕвзонг спортсментӕ.

"Мах ӕвзардзыстӕм ӕвзыгъд сывӕллӕтты ӕппӕт республикӕйӕ, ӕппӕт Цӕгат Кавказӕй ӕмӕ сӕ цӕттӕ кӕндзыстӕм ам. Центры ис алы уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй исӕм спортсменты ӕмӕ сӕ аразӕм чемпионтӕ. Мах ӕппӕтдӕр аразӕм уымӕн, ӕмӕ цӕмӕй нӕ сабитӕ бӕрзӕндты хӕссой Уӕрӕсейы тырыса", — радзырдта академийы байгом кӕныны церемонийы йӕ бындурӕвӕрӕг, дывӕр олимпиаг чемпион Хӕдӕрцаты Махарбек.

© Sputnik / Дзерасса БиазартиХӕдӕрцаты Асланы номыл хъӕбысхӕсты академи байгом Дзӕуджыхъӕуы
Открытие академии борьбы во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕдӕрцаты Асланы номыл хъӕбысхӕсты академи байгом Дзӕуджыхъӕуы

Ацы академийӕн Цӕгат Кавказы нӕй ӕмбал. Ис дзы ӕппӕт уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй ам уагъд цӕуой ерыстӕ ӕгӕрыстӕмӕй профессионалон спортсментӕн дӕр.

"Ӕз ӕрзылдтӕн дунейыл, уыдтӕн бирӕ бӕстӕты, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр континентты, фӕлӕ ахӕм зал никуыма федтон. Ацы диссаджы комплексы архайдзысты сӕдӕгай сывӕллӕттӕ", — загъта УФ сгуыхт тренер уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Бязырты Савелий.

Спортивон комплексы бакӕныны цытджын церемонийы хайад райстон ирыстоны разагъта спортсментӕ, зындгонд тренертӕ ӕмӕ олимпиаг чемпионтӕ: Андиты Сослан, Таймӕзты Артур, Фадзайты Арсен, Гацалты Хаджимурат ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.

Хуссар Ирыстоны цытджын уавӕры бакодтой спорткомплекс Олимп - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цытджын уавӕры бакодтой спорткомплекс "Олимп"

Мадзалы цытджын уазӕг ссис ӕртӕ хатты олипмиаг чемпион Александр Карелин.

"Ацы хабар у тынг ахсджиаг. Ныфс мӕ ис, ам кӕй фӕзындзӕн ног олимпиаг чемпионтӕ ӕмӕ уӕлахиздзаутӕ, кӕцытӕ бахӕсдзысты егъау хайбавӕрд Уӕрӕсейы спорты райрӕзтмӕ. Абон ацы мадзалы ис 25 олимпиаг чемпионы, уый та нысан кӕны, мах стыр кад кӕй кӕнӕм ирон хъӕбысхӕстӕн, Хӕдӕрцаты Асланӕн", — банысан кодта Карелин.

Спорты галуан арӕзт ӕрцыд Хӕдӕрцаты бинонты фӕрӕзты руаджы ӕмӕ хӕссы СССР, Европӕ ӕмӕ дунейы бирӕ хатты чемпион Хӕдӕрцаты Асланы ном, кӕцы трагикъон ӕгъдауӕй фӕмард 1990 азы.

Бакӕныны церемонийы фӕстӕ олимпиаг чемпионтӕ ауагътой мастер-кластӕ ӕвзонг спортсментӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0