Цхуырбаты Алан: махмæ дæр уыд нæхи Левитантæ

© Sputnik / Константин Чалабов /  Ахизын медиабанкмæРадио
Радио - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахадон радио "Ир-FM"-ы сæйраг редактор Цхуырбаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, радиойы кусджытæ зæрдиагæй хайад райсдзысты ацы конкурсы. Уый суæт нæ чысыл хайбавæрд стыр хъуыддагмæ, загъта Алан.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Паддзахадон радио "Ир-FM"-ы сæйраг редактор Цхуырбаты Алан банысан кодта, Æхсӕнадӕмон информацион агентад "Россия сегодня" цы конкурс "Дзурæм куыд Левитан" расидт, уый хуыздæр радиоамонæг ном райсыны конкурс нæу, фæлæ егъау нысаниуæг хæссæг, Юрий Левитан цы масштабы адæймаг уыд, уый хынцгæйæ.

"Россия сегодня" цы æхсæнадæмон конкурс расидт "Дзурæм куыд Левитан", ууыл дзургæйæ, зæгъæн уыдаид, зӕгъгӕ, конкурс хорз кæй у уымæй, æмæ радиоамонæджы рольмæ бакæсын чысыл æндæр ракурсæй, йæ тыхтæ бавзарын æмæ хорз приз рамбулын. Фæлæ уый конкурсы иунæг нысан нæу. Юрий Левитан Дыккаг дунейон хæсты рæстæджы уыд Гитлеры сæрмагонд знаг. Уыцы рæстæджы алчидæр æнхъæлмæ каст йæ хъæлæсмæ — уый хаста фидар ныфс, кæй рамбулдзыстæм, сæ цардæмбæлттæ æмæ фырттæ кæй æрæздæхдзысты хæсты быдырæй. Алчидæр хъуамæ аргъ кæна, æрвылбон милуан адæймæгтӕн ныфс цы хъæлæс хæссы, уымæн", — дзуры Цхуырбаты Алан.

Афтæ ма Цхуырбаты Алан банысан кодта, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн хорз зонгæ кæй у информацион хæст.

"Махмæ дæр уыд нæхи Левитантæ. Кумæридтаты Донарæ у Ирыстоны хъæлæс, кæцы æрвылрайсом зæлыд радиотранслятортæй: "Дзуры Цхинвал!". Æвæццæгæн, ацы æрвылбонон зæлтæ уыдысты иумæйаг мозаикайы элементтæй иу хай, цæй фæрцы мах нæ аныгъуылдыстæм тасы ", — банысан кодта уый.

Аланы ныхæстæм гæсгæ, æвзонг фæлтæры фæнды, цæмæй уой уыдон хуызæн, кæцытӕ, хъыгагæн, абон не ‘хсæн нал сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0