Дзæуджыхъæуы фæзынд фыццаг сæрмагонд тагъд æххуыс

© RIA Novosti . Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæТагъд æххуыс
Тагъд æххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæрмагонд тагъд æххуыс "Ныфс" лæггад кæндзæн куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты цæрджытæн.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны столицæйы февралы райдайæны скуыста фыццаг сæрмагонд тагъд æххуыс "Ныфс", хъусын кæны 15 регион.

"Нырма нæм дыууӕ тагъд æххуысы машинæйы йеддæмæ нæй — сывæллæттæн æмæ карджын адæмæн, иу та — хæдзары стационарæн. Тагъд æххуысы æрбацыды рæстæг у æппæты фылдæр 20 минуты", — загъта организацийы бындурӕвӕрджытӕй сӕ иу, дохтыр-хирург Наниты Батрадз.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы сæрмагонд тагъд æххуысæн ис æнгом æмахастытæ сывæллæтты республикон клиникон рынчындонимæ, республикон клиникон рынчындонимæ, тагъд æххуысы клиникон рынчындонимæ, Дзæуджыхъæуы гуырæн хæдзæрттимæ. Дохтыртæм ис лецензитæ, уæлдæр æмæ фыццаг категорийы сертификаттæ. Уымæй уæлдай, уыдон "куыстой кæнæ кусынц паддзахадон тагъд æххуысы".

Наниты Батрадз фæбæрæг кодта, иу къуырийы æмгъуыдмæ сæм 12 фæсидты кæй уыд.

"Иууылдæр æй зонæм, нæ горæты цы уавæр ис, уый. Тагъд æххуыс мынæг кæны. Адæм 3-4 сахаты фенхъæлмæ кæсынц. Мах та цæттæ стæм оперативон æмæ хæрзхъæд æххуыс кæнынмæ. Уыимæ зынгæ фæрогдæр кæндзыстæм тагъд æххуысы станцæйы куыст, уымæй уæлдай фæзындзæн ног кусæн бынæттæ — ныридæгæн нæм кусы 26 адæймаджы ", — банысан кодта Наниты Батрадз.

Тагъд æххуысмæ фæсидты иууыл къаддæр аргъ у 1000 сомы. Фæлæ уый, фæсидт "хуымæтæг" куы уа, уæд, зæгъæм, бæрзонд температурæйы тыххæй (800 сомы — фæсидт æмæ 200 сомы бæрц — медикаменттæ).

"Вазыгджын фæсидт — кардиологион рынчынтæм, гипертониктæм æмæ æндæр уæззау уавæрты уæвджытæм — 1500 сомы, фæлæ кардиограммæ дæр ацы аргъмæ хауы. Медицинон транспортировкæ — 1000 сомы. 1 æмæ 2-аг группæйы инвалидтæн аргъ уыдзæн 10% къаддæр", — радзырдта хирург.

Фæстæдæр "Ныфс" лæггад кæндзæн канд Дзæуджыхъæуы цæрджытæн нæ, фæлæ ма республикæйы районты цæрджытæн дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0