"Продэкспо 2016"-йы фыццаг бон ирон уӕлибӕхы ад федтой 1,5 адӕймаджы

© Пресс-служба "Eventica""Продэкспо 2016"-йы фыццаг бон ирон уӕлибӕхы ад федтой 1,5 адӕймаджы
Продэкспо 2016-йы фыццаг бон ирон уӕлибӕхы ад федтой 1,5 адӕймаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон равдыст "Продэкспо 2016"-йы фӕлгӕтты ирон амалиуӕггӕнджытимӕ ӕмгуысты фӕнд равдыстой Уӕрӕсейӕ, АИШ, Казахстан, Хъыргъызӕй ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты минӕвӕрттӕ.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Мӕскуыйы ӕхсӕнадӕмон равдыст "Продэкспо 2016"-йы фыццаг боны хӕрзад ирон уӕлибӕхы ад федтой 1,5 адӕймаджы, хъусын кӕны 15 регион.

"Равдысты фыццаг бон нӕм уый бӕрц адӕм цыд, ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕл нӕ уыдыстӕм. Уыд нӕм 500 уӕлибӕхы ӕмӕ сӕ дыууӕ боны фаг ӕнхъӕлдтам, фӕлӕ уайтагъд фесты. Скӕнын ма кӕндзыстӕм ноджы уӕлибӕхтӕ", — загъта равдысты хайадисӕг Цӕгӕраты Руслан.

Уый ма радзырдта, мадзалмӕ кӕй бавдыстой салд уӕлибӕхтӕ, кӕцыты уадзын райдыдтой Цӕгат Ирыстоны. Бон компани уадзы 1200 стыр ӕмӕ 1500 гыццыл уӕлибӕхы ирон къӕбицы сусӕгдзинӕдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ.

Равдысты фыццаг бон цӕгатирыстойнаг амалиуӕггӕнджытимӕ ӕмгуысты фӕнд равдыстой Уӕрӕсейӕ, АИШ, Казахстан, Хъыргъызӕй ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты минӕвӕрттӕ.

Мӕскуыйы хӕлцад ӕмӕ нозты ӕхсӕнадӕмон равдыст "Продэкспо 2016" у Уӕрӕсе ӕмӕ Европӕйы скӕсӕн хайы стырдӕр равдыст. Цӕуы ныр 23-ӕм хатт равдыстон комплекс "Экспоцентр"-ы ӕмӕ ахӕсдзӕн 12 февралмӕ. Хайад дзы исы 1424 компанийы.

© SputnikСкӕнӕм ирон уӕлибӕхтӕ
Скӕнӕм ирон уӕлибӕхтӕ   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Скӕнӕм ирон уӕлибӕхтӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0