Знауыраг дзюдоисттӕ ӕрхастой ӕртӕ майданы Волгагӕрон федералон зылды ерыстӕй

© Архивное фотоЗнауыраг дзюдоисттӕ ӕрхастой ӕртӕ майданы Волгагӕрон федералон зылды ерыстӕй
Знауыраг дзюдоисттӕ ӕрхастой ӕртӕ майданы Волгагӕрон федералон зылды ерыстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уалыты Сослан ӕмӕ Джиоты Аслан рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ, Мӕргъиты Ибрагим та ссис бронзӕйон призер.

ЦХИНВАЛ, 9 фев — Sputnik. Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ ссисты Волгагӕрон федералон зылды ерысты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ ӕрыздӕхтысты ӕртӕ майданимӕ, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.

Ӕвзонг спортсментӕ Уалыты Сослан ӕмӕ Джиоты Аслан рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ, Мӕргъиты Ибрагим та ссис бронзӕйон призер.

"Ерыстӕ ауагътой дыууӕ этапӕй, сӕ фӕстиуджытӕм гӕсгӕ ӕвзӕрст цыдысты дзюдоисттӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ. Знауыры районы дзюдойы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ ерысты сӕхи равдыстой иттӕг хорз — ӕрхастой дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу бронзӕйон майданы", — загъта уагдоны пресс-секретарь Софа Исаакян.

Спортсменты цӕттӕ кӕны Знауыры районы спортивон скъолайы тренер Гӕбӕраты Инал.

Волгагӕрон федералон зылды ерыстӕ цыдысты 21 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн горӕт Йошкар-Олайы. Турниры ӕдӕппӕтӕй хайад райстой 214 дзюдоисты.

Ног хабӕртты лентӕ
0