Хостæ æнæаргъæй исыны "сусӕг" фадат Цхинвалы

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæАфтиаг
Афтиаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Медикаменттæ æнæаргъæй исыны бар ис алы сывæллонæн дæр æртæ азы онг, афтæ ма 18 азы онг сывæллæттæ, кæцытæ рынчын сты хроникон низтæй. Уый нысанæн фарон рахицæн æрцыд 58 милуан сомæй фылдæр. Афтæмæй, ныййарджытæй алчи нæ зоны ахæм фадаты тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны æртæ азы онг сывæллæтты хицауад ифтонг кæны æнæаргъ хостæй. Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон райрæзты министрады пресс-службæйы Sputnik фехъусын кодтой, ведомствӕйæн æрвылаз дæр кæй цæуынц хицæн фæрæзтæ хостæ балхæнынæн, кæцытæ æнæаргъæй лæвæрд цæуынц сывæллæттæн. Хостæ æнæаргъæй исыны фадат ис 18 азы кары онг сывæллæттæн, кæцытæ рынчын сты хроникон низтæй.

"Æнæаргъ рецепт"-мæ гæсгæ хостæ райсын фадат ис централон горæттаг аптекæйы. Уый тыххæй хъæуы бавдисын сæрмагонд бланк, кæцы лæвæрд цæуы сывæллæтты поликлиникæйы. Ацы программæ Хуссар Ирыстоны архайы 2013 азæй.

"Æртæ азы онг сывæллæттæй дарддæр ма ис уæлбарджынты категори — 18 азы онг хроникон низтæй рынчын сывæллæттæ. Уымæй дарддæр ма, бахъуыды рæстæджы, мах рафыссæм чысыл сабитæн профилактикæйы тыххæй хостæ дæр, сæйраджыдæр, витаминтæ", — фехъусын кодта сывæллæтты поликлиникæйы сæйраг дохтыр Хæныкъаты Ларисæ.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад ныммыхуыр кæны сæрмагонд бланктæ æмæ сæ барвиты сывæллæтты поликлиникæмæ. Цæвиттон, ивгъуыд аз рецепттæ лæвæрд æрцыд æртæ минæй фылдæр, ахæм низтæй рынчын сывæллæттæн, куыд сæкæрниз, онкологи, сывæллæтты церебралон паралич, зæрдæйы системæйы низтæй.

"Æрвылаз мах саразæм уавæры анализ æмæ сывæллæттæн æнæаргъ хосты хыгъдмæ бахæссæм æнæмæнгхъæуæг коррективæтæ", — загъта Хæныкъаты Ларисæ.

Уыимæ иумæ ныййарджытæй алчи нæ зоны ахæм фадаты тыххæй. Бирæ мæдтæ фыццаг хатт фехъуыстой æнæаргъ хосты тыххæй махæй. Аннæтæ та сæ хæстæджытæ æмæ зонгæтæй, кæд æмæ регулярон æгъдауæй кæнынц сæ сывæллæтты фадыгон дохтырмæ, уӕддӕр.

"Нæ зæгъдзæн æмæ мæ сывæллæттæ арæх рынчын кæнынц, фæлæ иу поликлиникæмæ куы бакодтон мæ сывæллæтты, уæд мын ничи фехъусын кодта, кæй ис фадат æнæаргъæй хостæ райсын", — загъта Sputnik дыууæ сывæллоны мад Гаглойты Инна.

Дыууæаздзыд лæппуйы мад Хаситы Дианæ æрæджы базыдта, поликлиникæйы кæй ис райсæн æнæаргъ рецепт. Радон хатт та сывæллонимæ бацæугæйæ æмæ рецепт райсгæйæ, йæхæдæг афарста, æнæаргъæй исты хостæ райсæн ис, ӕви нӕ, ӕмæ райста дзуапп, медикаментты хыгъдæй райсæн кӕй ис æрмæстдæр иу хосæн.

"Къæйных куынæ уай æмæ дæхæдæг куынæ ‘ркурай хостæ, уæд дын æй зæгъгæ дæр нæ кæнынц", — банысан кодта Дианæ.

Централон аптекæйы Sputnik фехъусын кодтой, хостæй ифтонгадимæ кæй ницы проблемæтæ вæййы, æрмæст стæмхатт хостæ ӕрцæуынц цалдæр боны фæстиатимæ.

"Махмæ ифтонгад, Цæгат Ирыстонимæ абаргæйæ, у хуыздæр. Стæм низтæй рынчын адæм нæм лæууынц сæрмагонд хыгъдыл æмæ сын хостæ уæвынц алыхаттдæр", — загъта аптекæйы директоры хæдивæг Санахъоты Азæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хостæ адæмы тынг хъæуынц æмæ азы кæронмæ фæстауæрц нал аззайы.

Ивгъуыд аз æнæаргъ хостæ балхæныны тыххæй бюджетæй рахицæн æрцыд 58 милуан сомæй фылдæр. Ацы аз субсидиты бæрц нырма бæлвырд не ‘рцыд.

Ног хабӕртты лентӕ
0