Беслæны хæцæнгарз цы бандæ арæзта, уый уæнгтæн рахастæуыд тæрхон

© Архивное фотоБеслæны хæцæнгарз цы бандæ арæзта, уый уæнгтæн рахастæуыд тæрхон
Беслæны хæцæнгарз цы бандæ арæзта, уый уæнгтæн рахастæуыд тæрхон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæдзары сæм разынд 11 пистолеты, дыууæ гранатæйы, 300-мæ æввахс хæстæрмæджытæ, афтæ ма æхсæн хæцæнгарзы 70 хайы.

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны тæрхондон рахаста æндæр æмæ æндæр æмгъуыдтæм ахæсты бакæнын, Беслæны хæцæнгарз цы бандæ арæзта, уый уæнгтæн, хъусын кæны республикæйы Æдасдзинады федералон службæ.

"Сбæлвырдгонд факттæм гæсгæ баконд æрцыдысты уголовон хъуыддæгтæ УФ УК-ы статьятæм гæсгæ — "Хæцæнгæрзты æнæзакъонон арæзт" æмæ "Хæцæнгæрзты æмæ хæстæрмæджыты æнæзакъонон æрзылд". Хъуыддæгты æркасты фæстиуджытæм гæсгæ тæрхондон аскъуыддзаг кодта Гогкаты Хадзы-Мурæт, Аллæгаты Чермен æмæ Аллæгаты Булатæн æндæр æмæ æндæр æмгъуыдтæм ахæсты бакæнын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Æдасдзинады федералон службæйы управленийы информацимæ гæсгæ, æрцахстуæвджытæ арæзтой хæцæнгæрзтæ Беслæны. Хæдзары сæм ссардæуыд 11 пистолеты, дыууæ гранатæйы, 300-мæ æввахс хæстæрмæджытæ, афтæ ма æхсæн хæцæнгарзы 70 хайы.

УФ æдасдзинады федералон службæ сиды, æнæзакъононæй йæхимæ æхсæн хæцæнгарз цы æмбæстæгтæ дарынц, уыдонмæ, цæмæй сæ барвæндонæй радтой барадхъахъхъæнæн органтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0