Мæскуы æмæ Цхинвалы æхсæн фидар кӕнынц культурон ахастытӕ

© Пресс-служба Посольства Гасситы Знауыр æмæ Алина Сапрыкина
Гасситы Знауыр æмæ Алина Сапрыкина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар фембæлд "Мæскуыйы музей"-ы генералон директор Алина Сапрыкинаимæ.

ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр фембæлд "Мæскуыйы музей"-йы генералон директор Алина Сапрыкинаимæ, фехъусын кодтой Sputnik Минæварады пресс-службæйы.

"Фембӕлды рӕстӕджы Алайнаг культурæ популяризацийы нысанæн сарæзтæуыд бадзырдтæ, цæмæй "Мæскуыйы музей"-ы уагъд æрцæуой Хуссар Ирыстоны культурон мадзæлттæ æмæ Цхинвалы та "Мæскуыйы музей"-йы экспозициты равдыст", — радзырдтой пресс-службӕйы.

Минæварады ма куыд банысан кодтой, афтӕмӕй Гасситы Знауыр бахатыд Алина Сапрыкинамæ, цæмæй РХИ-ы Националон музей æмæ "Мæскуыйы музей"-ы æхсæн арæзт æрцæуа бадзырд. Музейы директор райста ацы æнхъарæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0