ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Цæгат Ирыстоны парламентаритæ аскъуыддзаг кодтой закъонопроектыл бакуыст æруромын, кæцымæ гæсгæ республикæ хъуамæ рахызтаид сæрдыгон рæстæгмæ, хъусын кæны 15 регион.
Февралы райдайæны республикон парламенты рабадтыл цыд тæрхон сæрдыгон рæстæгмæ рахизыны фадатыл. Инициаторты хъуыдымæ гæсгæ, сæрдыгон рæстæг у иууыл æнцойуатдæр цæрджытæн, кæцы регионы цæрджытæн ратдзæн фадат кусын æмæ улæфын эффективонæйдæр.
Радон рабадты рæстæджы депутаттæ сæхи аиуварс кодтой ацы хъæппæрисæй.
15 регионы информацимæ гæсгæ, парламентаритæ ахæм скъуыддзаг райстой, интернет-сайттæ "15-й Регион" æмæ "Градус Осетии"-йы æхсæнадон цæстæнгасы æрфарсты фæстиуджытæм гæсгæ.