Дзæуджыхъæуы уагъд æрцæудзæн 2016-æм азы фыццаг донорон акци

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæуы уагъд æрцæудзæн 2016-æм азы фыццаг донорон акци
Дзæуджыхъæуы уагъд æрцæудзæн 2016-æм азы фыццаг донорон акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахæм акцитæ Дзӕуджыхъӕуы уагъд ӕрцæуынц азы мидæг цалдæр хатт, ӕмӕ кӕд раздæр бирæ адæм не ‘мбырд кодтой, уæд сӕм ныр та ӕрбацӕуы бирæ адæм.

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы 12 февралы уагъд æрцæудзæн 2016-æм азы фыццаг донорон акци, хъусын кӕны 15 регион.

Мадзал уагъд цӕуы хæрзаудæн фонд "Быть добру", тугуадзæн станц æмæ æхсæнадон организаци "Иры фидӕн"-ы хъӕппӕрисӕй.

"Донорон туг алы хатт дæр у æнæмæнгхъæуæг. Уымæ гæсгæ ахæм акцитæ сты арæх. Ис ахæм адæм, кæцытæ туг дæттынц иудадзыг. Фæлæ нын æхсызгон у ног цæсгæмттæ уынын дæр", — загъта Фонды минæвар Губураты Залинæ.

Йӕ ныхӕстӕм гæсгæ, ахæм акцитæ уагъд цæуынц азы мидæг цалдæр хатт, ӕмӕ кӕд раздæр бирæ адæм не ‘мбырд кодтой, уæд сӕм ныр та ӕрбацӕуы бирæ адæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0