Газ ӕмӕ рухсы фиддонты аргъ ацы аз нӕ фӕфылдӕр уыдзӕн

© Sputnik / Ада БагианРХИ Национаон банк
РХИ Национаон банк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры цӕрджытӕн газ ӕмӕ рухсы тарифтӕ баззайдзысты сӕ раздӕры ӕмвӕзадыл, фехъусын кодта хицауады сӕрдары хӕдивӕг Тъехты Алан.

ЦХИНВАЛ, 11 фев — Sputnik. Электроэнерги ӕмӕ ӕрдзон газы фиддонты ӕргътӕ ацы аз нӕ фӕфылдӕр уыдзысты, фехъусын кодта цыппӕрӕмы вице-премьер Тъехты Алан.

Фыццӕгӕм январӕй республикӕйы ӕрфидар сты ног тарифтӕ. Ныр ӕрдзон газӕй цы цӕрӕнуӕттӕ сты ифтонг, уыдон рухсы ӕхца фидынц къаддӕр — 2,64 сомы. Ног тарифтӕ сфидар кодта ивгъуыд аз РХИ хицауад.

Коммерцион ӕмӕ бюджетон организацитӕ, паддзахадон уагдӕттӕ ӕмӕ дипломатон минӕварадтӕн та фиддонты аргъ фӕфылдӕр ис ӕмӕ уый хыгъд уыдон фидынц 1 кВт-ӕн 3,81 сомы. Аннӕ организацитӕ рухсӕн фидынц 4,50 сомы.

"Ацы аз цӕрджытӕн тарифтӕ нал фӕивдзысты", — загъта Тъехты Алан.

Уый ма банысан кодта, ацы ивындзинӕдтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ, фиддонтӕ ӕмбырд кӕй цӕуынц цадӕггай ӕмӕ хӕс бафидыныл паддзахадон бюджетӕй фыст цӕуы ахадгӕ финансон фӕрӕзтӕ.

"Коммерцион ӕмӕ бюджетон организацитӕн тарифтӕ фӕфылдӕр кӕныны хъуыддаг ратдзӕн фадат электроэнергийы хӕстимӕ сраст уӕвын", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм уый.

Хицауады сӕрдары хӕдивӕг ма фехъусын кодта, ӕввахс рӕстӕджы кӕй ацӕудзӕн кусӕгон фембӕлд Газпромы минӕвӕрттимӕ, цыран дзырд цӕудзӕн республикӕ ӕрдзон газӕй сифтонг кӕныны фарстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0