ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Ног хабӕртты мультимедион агентад Sputnik фехъусын кодта информацион портал Латвийы скусын кӕныны тыххӕй. Ног портал кусдзӕн латышаг ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл. Йӕ нысаниуӕг у актуалон ӕхсӕнадӕмон темӕты фӕдыл алы ӕмӕ алыгъуызон цӕстӕнгасимӕ зонгӕ кӕнын кӕсджыты.
"Sputnik у нырыккон массон информацийы фæрæз, кæцы хицæн кæны, фыццаджыдæр, темæтæ æмæ ракурсты равзæрстæй, дуне æмбарынадæй", — банысан кодта Sputnik сæйраг редактор Маргарита Симоньян.
Ног хабæртты портал Sputnik Латвия кæсджыты размæ хæссы уæрæх мультимедийон контент: инфографикæ, видео, къамтæ, онлайн-эфиртæ, интернет-хъæлæскæнынæдтæ. Оперативон ног хабӕрттӕй дарддӕр ма Sputnik йӕ аудиторийӕн дӕтты аналитикон ӕрмӕджытӕ, эксклюзивон интервьютӕ, экспертон хатдзӕгтӕ.
Sputnik (sputniknews.com) — ног хабӕртты агентад ӕмӕ радио мультимедион информацион хабтимӕ дӕсгай бӕстӕты.
Sputnik-ы сконды сты сайттӕ, аналогон ӕмӕ цифрон радиофидиуӕн, мобилон ӕмхасӕнтимӕ ӕмӕ социалон хызӕгты фӕрстимӕ. Рафысджытӕн ног хабӕртты лентӕтӕ ӕнӕхъӕн суткӕйы дӕргъы цӕуынц англисаг, арабаг, испайнаг ӕмӕ китайаг ӕвзӕгтыл.