Уӕрӕсейы банк рауадздзӕн згъӕр ӕхца алайнаг аргъуаны къамимӕ

© Паломники из Южной Осетии, фото с места событияАлайнаг аргъуан
Алайнаг аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхца уагъ ӕрцӕудзӕн проект "Уӕрӕсейы архитектурӕйы цыртдзӕвӕнты" фӕлгӕтты.

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik. Хъӕрӕсе-Черкесы, Лабӕйы сӕрмӕ Шоуаны хохыл уӕвӕг Уастырджийы аргъуаны нывимӕ Уӕрӕсейы банк рауадздзӕн ӕвзист ӕхца, хъусын кӕны "Осетия Times".

Хуссар Иры рӕстдинонтӕ  сарӕзтой чырыстон балц Хъӕрӕсейы алайнаг кувӕндӕттӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры рӕстдинонтӕ сарӕзтой чырыстон балц Хъӕрӕсейы алайнаг кувӕндӕттӕм

Ӕвзист ӕхца уагъд цӕуы проект "Уӕрӕсейы архитектурӕйы цыртдзӕвӕнты" фӕлгӕтты.

"Уӕрӕсейы банк ӕртӕ сом номиналимӕ ӕвзист ӕхца рауадздзӕн 16 февралы. Ацы аргъуанмӕ ахӕм хъусдард фыццаг хатт нӕй. Коллекционертӕм ис Шоуаны аргъуаны нывимӕ паддзахы рӕстӕджы посты къамтӕ ӕмӕ советон нысӕнттӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Шоуаны аргъуаны нывимӕ згъæр æхца рацӕудзӕн ӕртӕ мин экземплярӕй. Аргъуан цы хъӕуы ис — Лабӕ, зӕгъгӕ, уымӕн XIX ӕнусы бындур ӕрӕвӕрдта Хетӕгкаты Къостайы фыд Леуан.

Ног хабӕртты лентӕ
0