Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд банысан кодта йæ сырæзты 24-æм аз

Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд парады
Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорд парады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæн бæрæгбонон арфæ ракодта президент Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 15 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд (ОМОН) хуыцаубоны банысан кодта йæ сырæзты 24-æм аз. Уый цытӕн къордӕн уагъд æрцыд цытджын ралæуд.

ОМОНы кусджытæн бæрæгбонон арфæ ракодта президент Тыбылты Леонид. Уый банысан кодта, къорд арæзт кæй цыд вазыгджын рæстæг.

"Зындзинæдтæм æнæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы рæстæджы, сæрмагонд къордæн йæ профессионалондзинад æмæ сæрмагонд архайды фæрцы, йæ къухты æфты æнтыстытæ. Стыр бæрнимæ æххæст кæны йæ куыст, стыр хайбавæрд хæссы бæстæйы æдасдзинад æмæ стабилондзинад бахъахъхъæны хъуыддагмæ. Адæмæй никуы уыдзысты рох, нæ Фыдыбæстæйы сæрвæлтау сæ цард чи радта, уыцы хъайтарты нæмттæ", — банысан кодта президент.

Уый ма загъта, Хуссар Ирыстоны ОМОНы кусджыты патриотизм, профессионалондзинад æмæ хъæбатырдзинад дарддæр дæр кӕй уыдзысты республикæйы фæткæвæрд æмæ сабырдзинад бахъахъхъæныны гарант.

Ног хабӕртты лентӕ
0