Хуссар Иры сарӕх сты хус кӕрдӕг ссудзыны цаутӕ

© Sputnik / Руслан ТадтаевУӕлвӕткон уавӕрты министры хӕдивӕг Тадтаты Алан
Уӕлвӕткон уавӕрты министры хӕдивӕг Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвӕзты цаутӕ фылдӕр ӕрцӕуынц цӕхӕрадӕтты – цӕрджытӕ ӕрбамбырд кӕнынц сӕ зӕххы фадыджы бырон, хус кӕрдӕг ӕмӕ сыфтӕртӕ ӕмӕ сыл бафтауынц арт. УУМ сиды адӕммӕ, цӕмӕй сын уа бӕрнондӕр ахаст зынгмӕ ӕмӕ ма уадзой сӕ фӕстӕ судзгӕ ӕртытӕ.

ЦХИНВАЛ, 17 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны бӕрӕг фӕфылдӕр сты хус кӕрдӕг ссудзыны цаутӕ, ӕрмӕст февралы мӕйы зынгхуыссынгӕнджытӕ 20 хатт ацыдысты кӕрдӕг хуыссын кӕнынмӕ, фехъусын кодта Sputnik ӕртыццӕджы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тадтаты Алан.

Хуссар Иры бонæй бонмæ фылдæр кæны зынгивæрзтты нымæц - Sputnik Хуссар Ирыстон
УУМ: Хуссар Иры бонæй бонмæ фылдæр кæны зынгирвæзтты нымæц

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, зынгсирвӕзты цаутӕ фылдӕр ӕрцӕуынц цӕрджыты цӕхӕрадӕтты — уыдон ӕрбамбырд кӕнынц сӕ зӕххы фадыджы бырон, хус кӕрдӕг ӕмӕ сыфтӕртӕ ӕмӕ сыл бафтауынц арт. Афтӕ зынг апарахат вӕййы дардыл.

"Цӕхӕрадӕтты хицӕуттӕ сӕхи нӕ батыхсын кӕнынц, цӕмӕй фӕлӕууой бынаты, цалынмӕ арт кӕронмӕ басудза. Арӕх зынгхуыссынгӕнджытӕм фӕдзурынц, арт агъуыстытӕм куы фӕцӕйхӕццӕ кӕны, уӕд", — загъта министры хӕдивӕг.

Уымӕй дарддӕр ма УУМ-ы кусджыты арӕх бахъӕуы зынгсирвӕзттӕм арӕнгӕрон территоритӕм цӕуын — арт ӕрбафты Гуырдзыстоны цӕрджыты цӕхӕрадӕттӕй.

"Арӕх ма кӕрдӕг ссудзынц намысцух адӕм барӕй. Уыдон алыхатт кӕстӕртӕ нӕ вӕййынц, афтӕ ма сӕхи "фӕирхӕфсынц" хистӕр кары адӕм дӕр", — банысан кодта Тадтаты Алан.

Цхинвал ӕмӕ ӕввахс хъӕуты ӕмрӕстӕджы цалдӕр ран ссыгъд хус кӕрдӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал ӕмӕ ӕввахс хъӕуты ӕмрӕстӕджы цалдӕр ран ссыгъд хус кӕрдӕг

Бирӕ хатт, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, къуыппытӕ ӕмӕ гакъон-макъон фӕндӕгты аххосагӕй зынгсирвӕзты цурмӕ бацӕуӕн дӕр нӕ вӕййы, уӕд ирвӕзынгӕнджыты бахъӕуы уырдӕм къахӕй бацӕуын ӕмӕ зынг афтӕ куыддӕрты ахуыссын кӕнын. Министры хӕдивӕг ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй сын уа бӕрнондӕр ахаст зынгмӕ ӕмӕ ма уадзой сӕ фӕстӕ судзгӕ ӕртытӕ.

Фарон сӕрды дӕр тӕвд боныгъӕдты фӕстиуӕгӕн Хуссар Иры бирӕбӕрцӕй фӕфылдӕр сты хус кӕрдӕг ссудзыны цаутӕ. УУМ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2015 азы ахӕм цаутӕ фӕфылдӕр сты 178 проценты 2014 азмӕ абаргӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0