Скъæрæн бартæ дæтдзысты æрмæстдæр автоскъолайы ахуыр рацæуыны фæстæ

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæСкъæрæн бартæ дæтдзысты æрмæстдæр автоскъолайы ахуыр рацæуыны фæстæ
Скъæрæн бартæ дæтдзысты æрмæстдæр автоскъолайы ахуыр рацæуыны фæстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауад хорзыл банымадта фæндагон змæлды æдасдзинады закъонмæ барастгæнинæгтæ - бар нал уыдзæн автоскъолайы ахуыр æнæ рацæугæйæ скъæрыны бартæ райсын.

ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik. Хицауад хорзыл банымадта фæндагон змæлды æдасдзинады закъонмæ барастгæнинæгтæ, кӕцытӕм гӕсгӕ бар нал уыдзæн автоскъолайы ахуыр æнæ рацæугæйæ скъæрыны бартæ райсынæн, фехъусын кодта республикæйы президент æмæ хицауады пресс-службæйы.

Паддзахадон автоинспекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕндагон фӕткхалдты ныхмӕ тох кӕндзӕн ног автоматизацигонд центр

2010 азы закъоны барастгæнинæгтыл дзырд цыд хицауады æмбырды. Мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар æмбырды рæстæджы банысан кодта, закъоны зæронд редакцийы бар кæй уыд автоскъолайы ахуыр æнæ рацæугæйæ бартæ райсын, уый та министры ныхæстæм гæсгæ у бынтондæр æнæруадзгæ.

"Бартæ райсыны ног уагæвæрдмæ гæсгæ, æнæмæнгæй хъæудзæн автоскъолайы ахуыр рацæуын", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Закъонопроекты авторты нымадмæ гæсгæ, ног уагæвæрд фæахъаз уыдзæн фæндагон змæлды æдасдзинад бахъахъхъæнын, уымæн æмæ фæндагон-транспортон цауты рæстæджы арæх рабæрæг вæййы, æмæ аххосджынтæ нæ рацæуынц ахуыр автоскъолайы.

Закъонмæ баххæстгæнинæгтæм гæсгæ ма лæвæрд цæудзысты ног скъæрæн бартæ, уымæн æмæ раздæры бартæ æххæстæй дзуапп нæ дæттынц архайгæ закъæттæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0