00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
17:00
3 Мин
Главные темы
17:30
3 Мин
Главные темы
08:00
3 Мин
Главные темы
09:30
3 Мин
Главные темы
13:00
60 Мин
Главные темы
Новости
17:00
3 Мин
В центре событий
МВД Южной Осетии усилит контроль за безопасностью граждан на природе
17:03
1 Мин
В центре событий
В Госдуме предложили объявить Украину государством-террористом
17:05
7 Мин
Главные темы
Новости
17:30
3 Мин
On air
17:33
5 Мин
On air
17:39
11 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Хуссар Иры фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ

© Нелли ГабараеваХуссар Иры фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ
Хуссар Иры фӕфылдӕр уыдзысты пенситӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ ӕмӕ УФ-йы ‘хсӕн пенсион ифтонгады фӕдыл бадзырд бафыссыны фӕстӕ республикӕйы пенситӕ фӕфылдӕр уыдзысты 18 проценты.

ЦХИНВАЛ, 18 фев — Sputnik, Хъотайты Мария. Уӕрӕсейы ӕмбӕстагад цы хуссарирыстойнаг пенсионертӕн ис ӕмӕ иудадзыг республикӕйы территорийыл чи цӕры, уыдонӕн 1 апрелӕй сӕ пенси фӕфылдӕр уыдзӕн 18 проценты, загъта хицауады вице-премьер Пухаты Эрик йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы Цхинвалы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, пенситӕ фӕфылдӕр уыдзысты УФ ӕмӕ РХИ ӕхсӕн пенсион ифтонгады фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты, кӕцы ныридӕгӕн цӕттӕ цӕуы бафыстмӕ.

"Пенситӕ фӕфылдӕр уыдзысты дыууӕ этапӕй. Фыццаг хатт сӕм бафтдзӕн 18 проценты 2016 азы апрелы мӕйы. Дыккаг этап та уагъд ӕрцӕудзӕн 2017 азы — уӕд та пенситӕ фӕфылдӕр уыдзысты 18,8 проценты", — загъта хицауады сӕрдары хӕдивӕг.

Ныр уал сӕ пенситӕ фӕфылдӕр уыдзысты уӕрӕсейаг ӕмбӕстагадимӕ 627 пенсионерӕн.

Пресс-конференцийы рӕстӕджы ма Пухаты Эрик банысан кодта, сӕ пенситӕ кӕй фӕфылдӕр уыдзысты, ӕрмӕст хуссарирыстойнаг ӕмбӕстагад кӕцы пенсионертӕн ис, уыдонӕн дӕр.

Уый ма куыд загъта, афтӕмӕй, уӕлӕмхас бадзырдмӕ гӕсгӕ, пенсионерты куысты стаж нымад цӕудзӕн 2002 азы 1 январӕй. Уый размӕ ӕзтӕ стажыл нымад нӕ цӕудзысты.

Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны минималон социалон пенси у 2900 сомы, стажмӕ гӕсгӕ пенси та — 6740. Пухаты Эрикы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, хуссарирыстойнаг пенси исынц 3500 пенсионеры.

Ног хабӕртты лентӕ
0