ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Ӕртӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы ссисты олимпиаг хъӕзтыты ӕртӕ хатты чемпион Александр Медведы номыл ӕхсӕнадӕмон турниры уӕлахиздзаутӕ, хъусын кӕны 15 регион.
Ерыстӕ уагъд цыдысты 17-19 февралы Минскы, архайдтой дзы Рæмонаты Сослан, Гуæцæлты Хаджимурат ӕмӕ Цӕболты Хетик, ӕртӕ дӕр бацахстой фыццаг бынӕттӕ.
"Рӕмонаты Сослан архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы, Цӕболты Хетик — 74 кг ӕмӕ Гуæцæлты Хаджимурат та 97 кг уӕзы. Ацы турниры ма 57 килограммы уӕзы категорийы та уӕлахиздзау ссис ирайнаг богал Реза Атри", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Рӕмонты Сослан райгуырд Цхинвалы, 2014 азы ссис Уӕрӕсейы ӕмӕ дунейы чемпион, 2015 азы та — дунейы бронзӕйон чемпион.
Гуæцæлты Хаджимурат — олимпиаг хъӕзтыты чемпион, дунейы фондз ӕмӕ Европӕйы ӕртӕ хатты уӕлахиздзау.
Цӕболты Хетик — 2014 азы дунейы чемпион, Уӕрӕсейы спорты мастер.