ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламент бацæттæ кодта депутатон æвзæрстыты закъонмæ барастгæнинæгтæ, кæцытæм гæсгæ аивд æрцæудзæн "биноныгдзинады ценз", загъта цыппæрæмы Sputnik парламенты спикер Бибылты Анатолий.
Закъоны архайгæ редакцимæ гæсгæ, депутатон æвзæрстыты хайад райсыны фадат ис Хуссар Ирыстоны æмбæстагæн, кæцыйыл сæххæст 21 азы æмæ регистрацийы боны агъоммæ фондз азы иудадзыг цард Хуссар Ирыстоны территорийыл.
"Депутатты иу къорд бахаста инициативæ "биноныгдзинады ценз" аивыны тыххæй. Парламенты профилон комитет бацæттæ кодта æнæмæнгхъæуæг барастгæнинæгтæ æмæ æппæт æмбæлон процедурæтæ рацæуыны фæстæ фарстыл æртæрхон кæндзæн депутатон корпус", — загъта спикер.
Раздæр уый банысан кодта, "биноныгдзинады ценз" æнæмæнгхъæуæг кæй у президентæн, фæлæ уыимæ иумæ, ацы домæн "хъуамæ ма суа цæлхдур Хуссар Ирыстоны æмбæстагæн парламентон æвзæрстыты хайад райсынæн".
Бибылты Анатолий ма загъта, æввахс рæстæджы кæй цæудзæн уынаффæ æвзæрстыты закъонмæ барастгæнинæгтæ бахæссыны тыххæй, кæцымæ гæсгæ ног æрсидты парламент æвзæрст цæудзæн мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ. Депутаттæн се ‘рдæг æвзæрст цæудзысты партитæй, иннæ хай та — иумандатон зылдтæй.