РХИ ӕмӕ УФ ӕхсӕн бадзырд фӕхуымӕтӕг кӕндзӕн инвалидтӕн уӕрӕсейаг пенси саразыны хъуыддаг

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæИнвалидты коляскӕ
Инвалидты коляскӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады сӕрдары хӕдивӕг куыд банысан кодта, афтæмæй инвалидтты тыххæй бадзырдмæ барастгæнинæгтæ бахæссы уынаффӕ бахаста хуссарирыстойнаг фарс, хорзыл сӕ банымадтой уæрæсейаг коллегæ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе пенсион ифтонгады фæдыл цы бадзырд хъуамæ бафыссой, уый бæрæг фæрогдæр кæндзæн хуссарирыстойнаг инвалидты цард, кæцыты фæнды исын уæрæсейаг пенситæ. Уый тыххæй цыппæрæмы йӕ пресс-конференцийы рæстæджы фехъусын кодта республикæйы хицауады вице-премьер Пухаты Эрик.

УФ æмæ РХИ-ы æхсæн æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырмæ гæсгæ бафыст æрцæудзысты уæлæмхас бадзырдтæ, уыдон нымæцы пенсион æмгуыстады фæдыл дæр. Пухаты Эрикы ныхæстæм гæсгæ, документы æлхынцъон проектыл ныридæгæн цæуы бакуыст.

"Пенсион ифтонгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæй дарддæр ма бадзырды пункттæй иу агайы хуссарирыстойнаг инвалидты. Бадзырд бафыссыны фæстæ инвалидтæ рацæудзысты республикæйы территорийыл медицинон-куыстон экспертон къамис. Ацы документтæ нымад цæудзысты Уæрæсейы территорийыл дæр æмæ уыдоны нал хъæудзæн сæ сахъатдзинад бафидар кæныны фæдыл фæлхаттонд къамис рацæуын", — загъта вице-премьер.

Ацы проблемæйыл та æмбæлдысты бирæтæ. Сахъатдзинады фæдыл хуссарирыстойнаг пенситæ сты уæрæсейаг пенситимæ абаргæйæ бæрæг къаддæр, 3 — 10 мин сомы категори æмæ группæмæ гæсгæ. Уымæ гæсгæ республикæйы инвалидтæ тырнынц уæрæсейаг пенситæ исынмӕ.

"Æз дæн II къорды инвалид, цалдæр азы размæ рацыдтæн дæргъвæтин экспертон къамис Хуссар Ирыстоны. Уый фæстæ цæгатирыстойнаг пенси аразгæйæ базыдтон, нæ документтæ нымад кæй нӕ цæуынц Цæгат Ирыстоны. Сæ саразынæн та хъуыд бирæ рæстæг æмæ æхца. Уымæ гæсгæ мæ пенси сарæзтон Хуссар Ирыстоны", — радзырдта Sputnik Коцты Иринæ.

Ахæм проблемæйыл ма сæмбæлд Къæбысты Мадинæ дæр. Уæззау операцийы фæстиуæгæн ссис I группæйы инвалид. УФ-йы æмбæстаг уæвгæйæ, сарæзта пенси Цæгат Ирыстоны, кæцы иста æртæ азы. Аз иу хатт цыд фæлхаттон экспертон къамис Дзæуджыхъæуы.

"Æртæ азы фæстæ мын мæ пенси æрæхгæдтой, зæгъгæ "дæм нал æмбæлы". Мæ æнæниздзинад нæ фæхуыздæр, уæззау операци мæ абоны бон дæр тыхсын кæны. Фæлæ пенси уæддæр нæ радтой", — загъта Мадинæ.

Дыууæ сылгоймагæн дæр уыд тынг æхсызгон, УФ-йы территорийыл сахъатдзинады фæдыл пенси райсыны процедурæ куы фӕрогдæр уаид, Хуссар Ирыстоны документтæ та нымады куы уаиккой йæ арæнæй æддейæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы вице-премьер куыд банысан кодта, афтæмæй инвалидтты тыххæй бадзырдмæ барастгæнинæгтæ бахæссын хорзыл банымадта йæ уæрæсейаг коллегæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бадзырд бафыст æрцæудзæн æввахс рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0