Битарты Вячеслав: Æгъуызарты Тамерланы хъæппæристæ адæм иууылдæр нымадтой хорзыл

© FacebookБитарты Вячеслав
Битарты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Битарты Вячеслав зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы адæм стыр ныфсимæ кæй сæмбæлдысты Æгъуызарты Тамерланы сæвзæрстыл республикæйы сæргълæууæджы бынатмæ, кæцы уыд вазыгджын социалон- экономикон уавæры.

ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Æгъуызарты Тамерланы хъæппæристæ адæм иууылдæр нымадтой хорзыл, загъта Цæгат Ирыстоны премьер-министр Битарты Вячеслав брифингы рæстæджы.

Битарты Вячеслав зæрдыл æрлæууын кодта, республикæйы адæм стыр ныфсимæ кæй сæмбæлдысты Æгъуызарты Тамерланы сæвзæрстыл республикæйы сæргълæууæджы бынатмæ, кæцы уыд вазыгджын социалон- экономикон уавæры.

"Уый йæ уæхсчытыл сæвæрдта проблемæты уæззау уаргъ. Æмæ республикæйы сæргъ цы цыбыр рæстæг лæууыд, уӕд равдыста йæ бæрзонд профессионалондзинад. Уыд арæхстджын организатор æмæ йын уыд бæрзонд авторитет. Æгъуызарты Тамерланы хъæппæристæ, йæ хъуыдытæ адæм иууылдæр нымадтой хорзыл. Æмæ абон махæн нæ лæууы нæ зæрдæйы рис, уый не ‘хсæн кæй нал ис, уый тыххæй", — загъта Битарты Вячеслав.

Уый загъта тæфæрфæсы ныхæстæ æввахс хиуæттæн æмæ фехъусын кодта, республикæйы хицауады арæзт кæй æрцыд Æгъуызарты Тамерланы зиан бавæрыны фæдыл къамис. Республикæйы аивд æрцæудзысты бæрæгбонон æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ. Паддзахадон уагдæтты æруагътой тырысатæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0