ЦХИНВАЛ, 19 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид бахæс кодта парламентæн, цæмæй бакусой æмæ Паддзахадон Думæйы раз æрæвæрой ирон адæмы геноцид Гуырдзыстоны æрдыгæй банымайыны фарст. Уый тыххæй бæстæйы сæргълæууæг фехъусын кодта республикæйы парламент æмæ адæммæ йæ ныстуаны.
"Мах хъуамæ нæ зæрдыл дарæм, нырма дæр тас кæй у нæ бæстæйы ныхмæ ног агрессийæ. 25 азы æмгъуыдмæ хъахъхъæд стæм Уæрæсеимæ æмбæлон бадзырдты фæрцы, фæлæ мах æдзæрæг сакъадах не стæм æмæ дунейон геополитикон процесстæ нæ цæуынц нæ иувæрсты", — загъта Тыбылты Леонид.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæлвырд политикон тыхтæ дарддæр дæр хæцынц Гуырдзыстоны реваншистон хъуыдыты фарс æмæ фæлварынц нырыккон истори сфальсификаци кæнын. Уымæн æвдисæныл президент нымайы, Æхсæнадæмон уголовон тæрхондон 2008 азы æфсæддон конфликты цаутæ кæй зыгъуыммæ кæны æмæ агрессорæй Гуырдзыстоны нӕ, фӕлӕ Уæрæсейы кӕй ӕвдисы, уыцы хъуыддаг.
"Уый фæдыл сидын парламентмæ æмæ курын, цæмæй уагъд æрцæуой цæттæгæнæн куыстытæ, уый фæстæ та УФ-йы Паддзахадон Думæйы раз æрæвæрой Гуырдзыстоны æрдыгæй 1920, 1989-1991 æмæ 2008 æзты хуссарирыстойнаг адæмы ныхмæ геноциды фарст", — загъта президент.
Уыимæ иумæ, бӕстӕйы сӕргълӕууӕг зæрдыл æрлæууын кодта, цыппар азы фæстæ хуссайраг ирæтты геноцидыл кæй сæххæст уыдзæн 100 азы.