Рæсугъд æмæ æнцон базонгæ маршрут Цæгатæй Хуссар Ирыстонмæ ист æрцыд дроны фæрцы. Маргъы атахты бæрзæндæй ист видеойыл зыны ирон литературæйы бындурæвæрæг хетæгкаты Къостайы райгуырæн хъæу, йæ хæдзар-музей æмæ цырт. Дарддæр камерæ атахт Гуфтайы хидыл — цæугæдæттæ Стыр Леуахи æмæ Паца кæм иу кæнынц, уыцы бынаты сӕрты. Хиды бæрзонд у 72 метры, арæзт æрцыд 1929 азы æмæ нымад у Хуссар Ирыстоны историкон фенддаг бынатыл.
Видеоиллюстрацийы кæройнаг пункт ссис аргъуанон фæзуат Цхинвалы, Сыгъдæг Мады Майрæмы аргъуаны æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты обелискы сӕртӕ.