Тирипонаг каналæй пайда кæндзысты арæны дыууæрдыгæй æвæрд хъæутæ дæр

© Sputnik / А. Кучис /  Ахизын медиабанкмæДонхæрæн канал
Донхæрæн канал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад цæттæ у рахицæн кæныны æхцайы фæрæзтæ, цæмæй Тиринонаг канал донæй ифтонг цæуа æххæстæй.

ЦХИНВАЛ, 25 фев — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæнгæрон хъæуты цæрджытæн фæзындзæн фадат Тирипонаг донхæрæн каналæй пайда кæнынӕн, фарстыл дзырд цыд Инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæ аиуварс кæныны механизмты (ИÆАМ) форматы фембæлды рæстæджы, фехъусын кодта Sputnik хуссарирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг Санахъоты Дауыт.

Тирипонаг канал 10 раны цæхгæрмæ лыг кæны Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæн.

"Тирипонаг канал цæуы гуырдзиаг æмæ ирон хъæуты уылты. Нæхи æрдыгæй уыцы хъæутæ сты Арцеу, Ортъеу, Чъер, Цъинагар æмæ Орчъосан. Хуссарирыстойнаг хъæуты фадгуытыл хæтæлты сты сыгъдæг кæнинаг, уымæн æмæ байдзаг сты быронæй", — загъта Санахъоты Дауыт.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, гуырдзиаг фарс йæ фадгуытæ ныссыгъдæг кодта æмæ ИÆАМ-ы форматы фембæлдты бахæссы фæндон, хæтæлтæ сыгъдæг кæныны хъуыддаджы баххуыс кæнын.

"Фæлæ Хуссар Ирыстон æмæ гуырдзыстоны æхсæн кæй ницы гуманитарон æмæ экономикон бастдзинæдтæ ис, уый тыххæй гуырдзиаг фарсы хайадист у æнæрцæугæ хъуыддаг. Мах нæхæдæг рахицæн кæндзыстæм фæрæзтæ йæ сыгъдæг кæныны тыххæй", — банысан кодта уый.

Канал сыгъдæг куы æрцæуа, бафтыдта йӕ ныхӕстӕ Санахъойы фырт, уæд дон хуыздæр хæццæ кæндзæн хъæутæм, кæцыты цæрджытæ фылдæр бæрцæй æххæст кæнынц быдырон куыстытæ æмæ дарынц фос.

Канал куыд цæудзæн сыгъдæг æмæ йæ куыст æххæстæй кæд сæндидздзæн, уый хъуамæ сбæлвырд кæной ИÆАМ-ы хайадисджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0