115 азы фӕстӕ та Пятигорскы сценӕйыл ногӕй сӕвӕрдтой Хетӕгкаты Къостайы "Дуня"

© Sputnik / Дзерасса БиазартиХетӕгкаты Къостайы цырт
Хетӕгкаты Къостайы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
25 февралы 1901 азы Хетӕгкаты Къоста йӕ пьесӕ "Дуня"-мӕ гӕсгӕ сӕвӕрдта спектакль. Ирон гениалон фыссӕджы сфӕлдыстадӕн табугӕнджытӕ раст 115 азы фӕстӕ Къостайы ӕнӕмӕлгӕ спектакль ногӕй ӕнтыстджынӕй сӕвӕрдтой Пятигорскы.

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Хетӕгкаты Къостайы уацмыс "Дуня"-мӕ гӕсгӕ Пятигорскы Лейла Голицинайы миниатюраты театр сӕвӕрдта спектакль, фехъусын кодта Sputnik режиссер Лейла Голицина.

Спектакль ӕвӕрд ӕрцыд Пятигорскы культурон-туристон центр "Велодом"-ы. Пьесӕйы премьерӕйы бынат ӕнӕнхъӕлӕджы ӕвзӕрст нӕу. Культурон-туристон центр "Велодом"-ы раздӕр уыд уазӕгдон "Централь", уым 1901 азы уацмысы автор Хетӕгкаты Къоста йӕхӕдӕг сӕвӕрдта спектакль "Дуня".

"Централон бынат спектаклы ахсы сылгоймаджы цард ӕмӕ йӕ бартӕ ӕхсӕнады. Кӕд автор ацы уацмыс куы ныффыста, уӕдӕй сӕдӕ азӕй фылдӕр рацыд, уӕддӕр проблемӕ актуалон у абон дӕр. "Дуняйы" текст бирӕ фӕагуырдтам библиотекӕты, цалынмӕ йыл Кисловодскы кӕсӕн залы фембӕлдыстӕм, уӕдмӕ", — загъта Лейла Голицина.

© Архивное фотоСпектакль "Дуня"
Пьеса Хетагурова Дуня - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спектакль "Дуня"

Уый ма банысан кодта, фидӕны кӕй хъавынц Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстадӕй ӕндӕр уацмыстыл дӕр бакусынмӕ.

Лейла Голицинайы миниатюрӕты театр кусы нырма иу азы дӕргъы. Сӕ труппӕйы репертуары ис, адӕмӕн уарзон чи ссис, ахӕм спектакльтӕ — "Дамские причуды", "Однажды на курорте", "Страсти под крышей" ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Хетӕгкаты Къостайы пьесӕ "Дуня" фыст ӕрцыд 1890 азы, ӕртӕ азы фӕстӕ мыхуыр ӕрцыд газет "Северный Кавказ"-ы. Пьеса фыст уыд уырыссаг ӕвзагыл, уый фӕстӕ йӕ раивтой иронмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0