Цӕгат Иры ног сӕргълӕууӕджы ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты сентябры

© Sputnik / Михаил ГассиевДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты Хъӕлӕскӕнынады иумӕйаг боны сентябры. Цӕгат Ирыстоны парламентарийтӕ равзардзысты регионы ног сӕргълӕууӕджы, УФ президент цы ӕртӕ кандидатурӕйы ӕрбавдиса, уыдонӕй.

ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕджы ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты 18 сентябры, Хъӕлӕскӕнынады иумӕйаг боны, фехъусын кодта РИА Новости регионы хицауады минӕвар.

Ӕгъуызарты Тамерлан, кӕцы лӕууыд РЦИ-А сӕргъ 2015 азӕй фӕстӕмӕ, йӕ цардӕй ахицӕн 19 февралы Мӕскуыйы, пневмонийы уӕззау формӕйӕ. Уый баныгӕдтой хуыцаубоны Кады Аллейы.

"Ӕвзӕрстытӕ уагъд ӕрцӕудзысты Хъӕлӕскӕнынады иумӕйаг боны сентябры. Цӕгат Ирыстоны парламентарийтӕ равзардзысты регионы ног сӕргълӕууӕджы, УФ президент цы ӕртӕ кандидатурӕйы ӕрбавдиса, уыдонӕй", — загъта агентады ныхасӕмбал.

Цӕгат Ирыстон, куыд цалдӕр ӕндӕр цӕгаткавказаг республикӕйы, спайда кодтой комкоммӕ ӕвзӕрстытӕ аивыны барӕй — регионы сӕргълӕууӕджы равзардзысты закъондӕттынадон ӕмбырды рӕстӕджы, президент цы ӕртӕ кандидатурӕйы ӕрбавдиса, уыдонӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0