ЦХИНВАЛ, 26 фев — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы æрæвнæлдтой ног университетон комплекс аразынмæ. Фыццаджыдæр уал райхалдзысты зӕронд агъуысты уæлхæдзар, уый фæстæ та сыгъд бæстыхай æмæ æнæхъæнæй баззайгæ корпус.
ХИПУ-ы бæстыхай басыгъд 2008 азы августы. Университеты ног бæстыхайы арæзтад хаст æрцыд 2015-2017 æзты Инвестицион программæмæ.
"Проектмæ гæсгæ сыгъд корпусты бынаты арæзт æрцæудзæн иумæйаг ахуырадон корпус. Уымæй дарддæр ма капиталон æгъдауæй цалцæг æрцæудзæн, бындурон бæстыхайы фæстæ цы æртæуæладзыгон корпус ис, уый. Фæстæдæр ам æрбынат кæндзысты аудиторион æмæ лабораторон хатæнтæ æмæ университон службæтӕ", — фехъусын кодта ректор Тедеты Вадим.
Университеты территорийыл ма арæзт æрцæудзæн æхгæд спортивон зал. Фæзындзæн дзы чысыл гимнастон зал. Бæстыхайы мидæг ма уыдзысты актон зал, библиотекæ æмæ кæсæн зал, хæрæндон. Хæрзарæзт ма æрцæудзæн университеты алыварс территори.
Фыццаг арæзтадæн рахицæн кодтой территори Цхинвалы цæгатварс. Фæлæ нæдæр ахуыргæнджытæ, нæдæр дзыллæйад не сразы сты хицауады ацы хъæппæрисимæ. Фæстæдæр аскъуыддзаг кодтой ХИПУ ныууадзын йæ раздæры бынаты — горæты центры.
Арæзтадон куыстытæ кæронмæ бахæццæ уыдзысты иннæ аз. Ахуырадон процесс рæстæгмæ цæуы университеты æмдзæрæндоны бæстыхайы.
ХИПУ арæзт æрцыд 1932 азы. Уæды Сталинираг пединституты куыста дыууæ хайады — агро-биологон æмæ физикон-математикон, йæ фыццаг къухдариуæггæнæг уыд Хуыбаты Алыксандр. 1961 азы ахуыргæнæн уагдон раивд æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединститутмæ, фæстæдæр та Хуссар Ирыстоны паддзахадон университетмæ.