Джиголаты Сӕрмӕт ссис уӕззау атлетикӕйӕ Цӕгат Иры чемпионаты уӕлахиздзау

© Flickr.comУӕззау атлетикӕ
Уӕззау атлетикӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны физикон культурӕйы факультеты студент бацахста фыццаг бынат ӕмӕ йын ныр фадат ис Уӕрӕсейы чемпионаты архайынӕн.

ЦХИНВАЛ, 29 фев — Sputnik. Цхинвайлаг богал Джиголаты Сӕрмӕт уӕззау атлетикӕйӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты бацахста фыццаг бынат, фехъусын кодта спортсмены тренер, РХИ спорты сгуыхт кусӕг Тасойты Олег.

Цӕгат Ирыстоны чемпионаты Хуссар Ирыстонӕй архайдта цыппар спортсмены: Джиголаты Сӕрмӕт, Ӕрсойты Инал, Дыгъуызты Ален ӕмӕ Къудухты Азӕмӕт.

"Джиголаты Сӕрмӕт архайдта 77 килограммы уӕзы категорийы ӕмӕ йын нӕ разынд аккаг ныхмӕлӕууӕг. Ныр нӕ спортсменӕн фадат ис Уӕрӕсейы чемпионаты архайынӕн. Дыгъуызты Ален та ерысты ссис дыккаг", — радзырдта тренер.

Ерыстӕ цыдысты 28 февралы Дзӕуджыхъӕуы, спорты галуан "Манеж"-ы.

Джиголаты Сӕрмӕт январы та рамбылдта Мӕскуыйы ӕмӕ Мӕскуыйы областы чемпионат, у Цӕгат Ирыстоны чемпион.

Ног хабӕртты лентӕ
0