Уӕрӕсейы акцизты фæзынаргъдӕр нæ бандавдзæн бензины аргъыл Хуссар Иры

© Sputnik / Игорь Зарембо /  Ахизын медиабанкмæУФ-йы 1 апрелæй фæуæлдæр уыдзысты бензин æмæ дизелон æртаджы акцизты хъалонисæн ставкæтæ
УФ-йы 1 апрелæй фæуæлдæр уыдзысты бензин æмæ дизелон æртаджы акцизты хъалонисæн ставкæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ-йы 1 апрелæй фæуæлдæр уыдзысты бензин æмæ дизелон æртаджы акцизты хъалонисæн ставкæтæ. Уый нæ бандавдзæн бензины аргъыл Хуссар Ирыстоны, загъта экономикæйы министр.

ЦХИНВАЛ, 29 фев — Sputnik. Уæрæсейы бензин æмæ дизелон æртаджы акцизты хъалонисæн ставкæтæ кæй фæуæлдæр уыдзысты, уый нæ бандавдзæн æртаджы аргъыл Хуссар Ирыстоны, фехъусын кодта майрæмбоны Sputnik республикæйы экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям.

УФ-йы президент Владимир Путин бафыста указ æртаджы акцизты хъалонисæн ставкæтæ фæуæлдæр кæныны тыххæй. 1 апрелæй Уӕрӕсейы бензины аргъ фæуæлдæр уыдзæн дыууæ сомы бæрц, дизелон æртаджы аргъ та иу сомы бæрц.

"Хуссар Ирыстонмæ æртаг ласт цæудзæн раздæры уавæртыл, уымæн æмæ ацы мадзал агайы æрмæстдæр Уӕрӕсейы мидæггагон базар æмæ нæ бандавдзæн нæ республикæйы æртаджы аргъыл", — загъта экономикæйы министрады сæргълæууæг.

Хуссар Ирыстон æртаг ласы æрмæстдæр Уӕрӕсейæ. Бынæттон базары сæйраг æввонгæнæг у паддзахадон унитарон кондад "Югосетнефтепродукт", кæцы æртаг æлхæны комкоммæ "Роснефть"-æй. Цхинвалы паддзахадон кондады æртаджы станцы АИ-92 маркæйы бензины литры аргъ у 33 сомы, дизелон æртаджы литры аргъ та у 32 сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0