Путин снысан кодта Битарты Вячеславы РЦИ-А-йы сæргълæууæджы хæстæ ӕххæстгæнæгæй

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путин ӕмӕ Битарты Вячеславы фембæлд Мӕскуыйы
Владимир Путин ӕмӕ Битарты  Вячеславы фембæлд Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæст кæндзæн Битарты Вячеслав.

ЦХИНВАЛ, 29 — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Битарты Вячеславы снысан кодта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй, хъусын кæны РИА Новости.

"Хъыгагæн, нæ фембæлд баст у республикæйы къухдариуæггæнæг Æгъуызарты Тамерлан йæ цардæй кæй ахицæн, уыцы уæззау трагедиимæ. Сымах иумæ куыстат, йæмæ æрбацыдтæ ацы бынатмæ. Зонын, кæй дыл æууæндыд æмæ дæ ныфс кæй æвæрдта. Уымӕ гӕсгӕ рахастон фæндон, цæмæй æрлæууай республикæйы сæргъ", — загъта Путин Битарты Вячеславимæ йæ фембæлды рæстæджы.

Уыимӕ иумӕ Владимир Путин банысан кодта, ацы бынаты архайгæйæ, Битарты Вячеслав хъуамæ адæмæн сбæлвырд кæна, кæй ӕххӕст кӕндзӕн йӕ разы ӕвӕрд хӕстӕ иууылдӕр.

"Хъуамӕ сдзуапп кæнай, республикæйы цæрджытæ дæ цы ныфс æвæрынц, фыццаджыдæр, социалон къабазы, экономикæйы райрæзты, ахуырадон, æнæниздзинад хъахъхъæныны фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы", — бафтыдта УФ президент.

Æгъуызарты Тамерлан Цæгат Ирыстоны сæргълæууæгæй нысан æрцыд 2015 азы сентябры, амард 19 февралы, пневмонийы уæззау формæйæ, кæцыимæ тох кодта иу мæйы бæрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0