РХИ рæстмæгæнæн колонимæ уæрæсейаг ахæстæттæй ракӕндзысты 22 хуссарирыстойнаг æмбæстаджы

© Sputnik / Табылды Кадырбеков /  Ахизын медиабанкмæРæстмæгæнæн колонимæ
Рæстмæгæнæн колонимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ-йы рæстмæгæнæн колониты сæ ахсты æмгъуыд цы 400 хуссарирыстойнаг æмбæстæджы æрвитынц, уыдонæй 22-йы ис ныфс, дыууæ бæстæты ‘хсæн ног бадзырдмæ гæсгæ раконд кæй æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны рæстмæгæнæн колонимæ.

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik, Хъотайты Мария. 22 хуссарирыстойнаг æмбæстаджы, кæцытæ сæ ахсты æмгъуыд æрвитынц УФ-йы рæстмæгæнæн колониты (РК), æнхъæлмæ кæсынц РХИ-ы ахӕстонмӕ ракондмæ, фехъусын кодтой Sputnik республикæйы юстицийы министрады. Ахæм фадат фæзынд УФ æмæ РХИ-ы æхсæн ног бадзырды фæрцы.

Фæлæ, юстицийы министрады сæрмагонд æдасдзинады хайады гæс Пæррæстаты Эльвирайы ныхæстæм гæсгæ, ахæм практикæ куыста раздæр дæр уæрæсейаг коллегæтимæ кæрæдзиуæгон принципмæ гæсгæ.

УФ-йы ахæстæтты цы æмбæстæгтæ бады, уыдон куырдиæттæм æркæсдзысты лæмбынæг. Пæррæстаты Эльвирæйы ныхæстæм гæсгæ, кæд æмæ уæрæсейаг рæстмæгæнæг колонийы къухдариуæгад радта æппæрццаг характеристикæ азымгондæн, æмæ дарддæр аразы фыдракæндтæ æфхæрды бынаты, уæд йæ куырдиат баззайдзæн æнæркастæй.

"УФ-йы ахæстæтты нæ æмбæстæгтæй чи бады,уыдон сæхæдæг хъуамæ бавдисой куырдиат рæстмæгæнæн колонимæ. Уый фæстæ куырдиат æмбæлон справкæтимæ, уыдон нымæцы йе ‘нӕниздзинады уавæры тыххæй, ӕрвыст æрцæудзысты махмæ. РХИ-ы тæрхондонон инстанцитæ банымайдзысты сарæзгæ фыдракæнд. Уый фæстæ документтæ фæстæмæ арвитдзысты Уæрæсемæ æмæ азымгонды этапыл фæхæццæ кæндзысты уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг арæны онг, цыран лæвæрд æрцæудзæн нæхи конвоймæ æмæ фæхæццæ уыдзæн Хуссар Ирыстонымæ", — радзырдта Пæррæстаты Эльвирæ.

Ныридæгæн ацы процедурæ рацыдысты иу хуссарирыстойнаг æмæ иу уæрæсейаг æмбæстаджы, кæцытæ лæвæрд æрцыдысты кæрæдзиуæгон принципы бындурыл.

"2012 азы хуссарирыстойнаг фарс уæрæсейаг коллегæты домæнмæ гæсгæ радта уæрæсейаг æмбæстаджы, кæцы азымгонд æрцыд æмæ йæ ахсты æмгъуыд æрвыста Хуссар Ирыстоны. Фæстæдæр Хуссар Ирыстонæн та лæвæрд æрцыд нæ республикæйы æмбæстаг, кæцы йæ ахсты æмгъуыд æрвыста Уæрæсейы", — загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бадзырд йæ тыхы бацæудзæн, арæзт куы æрцæуа сæрмагонд æхсæнведомствæйон къамис, уӕд.

Бадзырды проектыл иумæйагæй куыстой хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг специалисттæ. Æдæппæт Уæрæсейы Федерацийы территорийы ахæстæтты бадынц 400 хуссарирыстойнаг æмбæстаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0