Цхинвалы равдисдзысты Цаллаты Вадимы хайадистæй "Мафия"-йы премьерæ

© Sputnik / сайт посольства РЮО в РФКиноныв "Мафия", афишӕ.
Киноныв Мафия, афишӕ. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Премьерон равдыст æмæ актеримæ фембæлд уагъд æрцæудзысты 18 марты ПККЗ "Чермен"-ы.

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Фантастикон фильм "Мафия"-йæн премьерон равдыст уыдзæн Цхинвалы. Премьерæйы размæ та уыдзæн фембæлд РЦИ-Аланийы адæмон артист Цаллаты Вадимимæ, кæцы кинонывы сæххæст кодта сæйраг роль, фехъусын кодтой Sputnik РХИ-ы минæварады.

Премьерон равдыст æмæ актеримæ фембæлд уагъд æрцæудзысты 18 марты ПККЗ "Чермен"-ы. Билеттæ уæй кæнынц киноконцертон залы кассæйы.

"Мафия" Цаллаты Вадимимӕ райста Бостоны фестивалы приз

Кинонывы архайдтытӕ цӕуынц фидӕны. Популярон хъазт ссис ӕнтыстджын телеалӕвӕрд, цыран 11 адӕймаг ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, чи сӕ у Сабыр цӕрӕг, чи та — Мафия. Уӕлахиздзаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕхцайы егъау приз, фембылдуӕвӕгмӕ та — мӕлӕт.

Цаллаты Вадим райгуырд Цæгат Ирыстоны, Дигорайы. 2002 азы каст фæцис Щукины номыл театралон ахуыргæнæндон. Уый фæстæ куыста театр Таганкæйыл (2010-2013 азты). Театралон ахуыргæнæндон каст куы фæцис, уæд райдыдта кинойы архайын. Ныры онг ахъазыд 40 ролæй фылдæр ахæм кинонывты, куыд "Интерны" (анестезиолог), "Москва, я люблю тебя" (Юсуп), "Диверсант. Конец войны" (Даур), "Марш-бросок-2", "Антикиллер-2" (Нисим), "Олимпиус инферно" (Вахо).

Ног хабӕртты лентӕ
0