Джиоты Мурæт: женеваг дискусситы сæйраг нысанӕй баззад тыхæй ма спайда кæныны гаранти

© Sputnik / Диана КозаеваДжиоты Мурæт
Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæты ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадæмон уавæр амоны тыхæй ма спайда кæныны документы тагъддæры быфысты æнæмæнгхъæуӕгдзинад.

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Женеваг дискусситæ, кæцытæ уагъд цæуынц аст азы дæргъы, нырма не ‘ркодтой дыууæ фарсы тыхæй ма спайда кæныны фӕдыл документты бафыстмæ, загъта дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлды рæстæджы фæсконфликтон уавӕр æрнывыл кæныны фæдыл РХИ президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

ООН, ОБСЕ æмæ Евроцæдисæй æмсæрдæрттæ æрцыдысты Цхинвалмæ, цæмæй хуссарирыстойнаг коллегæтимæ æрдзурой дискусситы юбилейон 35-æм раунды боныфæткыл. Протоколон хайы фæстæ, традицимæ гæсгæ, фембæлд адарддæр æхгæд дуæртты фæстæ.

"Раздæры раунды фæстæ фарсытæн уыд фаг рæстæг радон фембæлдмæ бацæттæ кæнынæн. Хъыгагæн, женеваг дискусситæ кæд цæуынц ныр аст азы мидæг, уæддæр тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документы бафыст у ацы æхсæнадæмон форматы сæйраг нысан", — загъта Джиоты Мурæт.

Уый банысан кодта, продуктивон кæй уаид, цæмæй "радон раунды загъд æрцæуа æмæ Женевæмæ цы делегацитæ æрцæуынц, уыдон ӕрхъавой тыхæй ма спайда кæныны фæдыл документ бацæттæ кæныныл бакусын".

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстытæ æнхъæлмæ кæсынц сæ аскъуыддзагмæ, уый ма домы Кавказы регионты алыварс æхсæнадæмон уавæр дæр.
Æххæстбарджын минæвар загъта, ныфс кæй æвæры уымæй, æмæ радон раунд кæй уыдзæн æнтыстджын.

ООН-æй æмсæрдар Антти Турунен банысан кодта, регионы ныры уавæр кæй у сабыр æмæ стабилон, "уый та фæахъаз уыдзæн ног фембæлды рæстæджы прогрессæн".

Ног хабӕртты лентӕ
0