Хицауад финансон æххуыс бакæндзæн Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организацитæн

© Sputnik / Михаил ХасиевРеспубликон библиотекæ
Республикон библиотекæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тымбыл фынджы хайад райстой президенты администрацийы кусджытæ, парламенты спикер, æхсæнадон æрганизациты æмæ массон информацийы фæрæзты минæвæрттæ.

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организацитæ хъуамæ сæхи аиуварс кæной æгæр политизацийæ æмæ æрæвналой социалон-æхсæнадон проблемæтæ скъуыддзаг кæнынмæ. Æхсæнадон организациты цымыдисон социалон проекттæн паддзахадон бюджеты æвæрд æрцæудзæн фондз милуанмæ æввахс сомы. Уый тыххæй дыццæджы медиа центр "Ир"-ы тымбыл фынджы рæстæджы фехъусын кодта президенты администрацийы мидæггагон политикæйы управленийы къухдариуæггæнæг Уанеты Мурæт.

"Æхсæнадон организацитæ уадзынц æгæр политизацигонд архайд. Уыдонӕн æххуысы æнæмæнгхъæуæгдзинад банысан кодта республикæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид йæ ныстуаны Хуссар Ирыстоны адæм æмæ парламентмæ. Паддзахадон бюджеты æвæрд æрцæудзæн æртæ милуанæй фондз милуанмæ æввахс сомы. Ацы фæрæзтæ рахицæн æрцæудзысты æнæполитикон, социалон проекттæн", — загъта Уанеты Мурæт.

Медиа центр "Ир"-ы къухдариуæггæнæг Гаглойты Иринæ банысан кодта, финансон фæрæзты бæрцмæ æнæкæсгæйæ, активон æхсæнадон организаци кæй сæххæст кæндзæн йæ разы æвæрд нысæнттæ.

"Хорз уаид, æхсæнадон организацитæ сæ хъусдард куы аздахиккой экологион проблемæтæм. Леуахийы дон у тынг чъизи. Кæцыдæр районты уæрæхдæр кæнынц арæзтадон быроны быгъдæттæ. Актуалон уаид ахæм проблемæтæ скъуыддзаг кæнын", — загъта Гаглойты Иринæ.

Парламенты спикер нымайы, æхсæнадон организацитæн сæ фылдæр арæзт кæй цæуы æхсæнадон платформæйыл нæ, фæлæ "амындмæ гæсгæ".

"Ахæм организацитæ арæзт цæуынц æвзæрстытæй иу аз раздæр. Саразынц нæргæ уынаффæтæ æмæ фæтары вæййынц æвзæрстыты дыккаг бон", — загъта Бибылты Анатолий.

Культурæйы министрады цур цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады гæс Табуты Нелли нымайы, кæй хъæуы сæхгæнын организацитæ, активон æхсæнадон куыст кæцытæ нæ кæнынц æмæ æххуыс кæнын ахæмтæн, кæцытæ æрмæст æхсæнадон куыст нæ кæнынц, фæлæ ма æндавынц æхсæнадон цæстæнгасыл дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0