ЦХИНВАЛ, 3 мар — Sputnik. Дыууӕ ирон богал Рӕмонты Сослан ӕмӕ Гуӕцӕлты Хаджимурӕт хъæбысхæсты иугонд дунейы рейтингы схызтысты фыццаг бынӕттӕм, хъусын кӕны 15 регион.
Спортсментӕ рейтингы ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ схызтысты февралы уагъдцӕуӕг ӕхсӕнадӕмон турнирты фӕстиуӕгджын архайды фӕрцы.
"Рӕмонты Сослан 65 килограммы уӕзы фыццаг бынатмӕ схызт фӕндзӕмӕй. Ноджы ӕныстджындӕр уыд йӕ архайад иннӕ ирон богал Гуӕцӕлты Хаджимурӕтӕн — уый фыццаг бынатмӕ схызт 16-ӕм позицийӕ. Ноджы ма иу ирон спортсмен Цӕболты Хетик та ис рейтингы ӕртыккаг бынаты", — дзырдӕуы хъусинаджы.
Хъæбысхæсты иугонд дуне кусы хъæбысæйхæсты олимпиаг хъӕзтыты хуызтӕ раразмӕ кӕныныл. Ацы организаци ӕхсӕнадӕмон ерысты фӕстиуӕгӕн бацӕттӕ кӕны хъӕбысхӕсты хицӕн хуызты ӕмӕ уӕзы категориты иууыл ӕнтыстджындӕр спортсменты рейтинг сӕ тохты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ.