Субсидиты фӕрцы Цхинвалы нӕ фӕфылдӕр уыдзӕн дзулы аргъ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы дзулфыцæн комбинат
Цхинвалы дзулфыцæн комбинат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæлцады сæйраг продукты аргъ цæмæй ма фæзынаргъдæр уа, уый тыххæй хицауад рахаста дзулфыцæн комбинатæн финансон æххуыс бакæныны уынаффæ.

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны дзулфыцæн комбинатæн паддзахадон бюджетæй рахицæн æрцæудзæн аст милуаны бæрц субсидитæ. Республикæйы хицауад рахаста уынаффæ кондад дотаци кæнын, цæмæй социалон дзулы аргъ ма фæфылдæр уа, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.

Ныртæккæ фыццаг сорт ссадæй 600 гр уæзæн дзулы аргъ у 16 сомы. Республикон дзулфыцæн комбинат у Хуссар Ирыстоны иунæг дзулы ахадæг.

"Паддзахадон бюджетæй субсидитæ фæахъаз уыдзысты кондады дзул уадзыны тыххæй хæрдзтæ рæстæгыл бамбæрзын, республикæйы цæрджыты рæстæгыл социалон дзулæй сифтонг кæныны нысанæн", — загъта экономикæйы министрады сæргълæууæг Зæгъойты Вильям.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кондадæн феххуыс кæныны мадзæлттæ ведомствӕтæ иууылдæр банымадтой хорзыл.

Премьер-министр Хъуылымбегты Доменти бахахх кодта, хæлцадон æдасдзинад ифтонг кæныны фарстытæ æххæст кӕй цæуынц приоритетмæ гæсгæ.

"Æнæмæнгæй хъæуы кондадæн феххуыс кæнын, цæмæй хæлцы сæйраг продукт ма фæзынаргъ уа", — загъта премьер.

Раздæр дзулы аргъ уыд 13 сомы. Йæ аргъ ын 16 сомы бæрц скæнын скъуыддзаг æрцыд 2015 азы апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0