Хуссар Ирыстоны минæвар ссардта Уго Чавесы рухс ном

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ. Уго Чавесы номыл уынгыл Мæскуыйы уагъд æрцыд дидинтæ сæвæрыны церемони
Уго Чавесы номыл уынгыл Мæскуыйы уагъд æрцыд дидинтæ сæвæрыны церемони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Венесуэлæйы президенты амардæй рацыд æртæ азы, Уго Чавесы номыл уынгыл Мæскуыйы уагъд æрцыд дидинтæ сæвæрыны церемони.

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр райста хайад Венесуэлæйы президент Уго Чавесы номарынæн дидинтæ сæвæрыны церемонийы.

Венесуэла Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта 2009 азы сентябры, Уæрæсе æмæ Никарагуайы фæстæ. Ахæм фæндон рахаста Венесуэлæйы уæды президент Уго Чавес, кæцы амæлæтæй рацыд æртæ азы.

"Уго Чавес уыд ирд политик, кæцы бирæ сарæзта йæ бæстæйæн, æмбæрста æмæ рог кодта йæ адæмы хъысмæт, уыд æппæт дунейы рæстдзинады фарс. Уымæ гæсгæ, уый аскъуыддзаг кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайын.Нӕ республикæйы уый кæддæриддæр мысдзысты хорзæй",- загъта Sputnik хуссарирыстойнаг дипломат.

Дидинтæ æвæрыны церемони уагъд æрцыд Мæскуыйы Уго Чавесы номыл уынгыл. Хайад дзы райстой фæсарæйнаг бæстæты, УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвæрттæ æмæ æндæртæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0