8 мартмӕ Национ музей бакӕндзӕн сылгоймӕгты сурӕтты равдыст

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ Националон музей
РХИ Националон музей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Национ музейы фонды иууыл ирддӕр сылогоймӕгты сурӕттӕ рахӕсдзысты равдыстмӕ, се ‘хсӕн ирон мӕ фӕсарӕйнаг нывгӕнджыты куыстытӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон бонмӕ Хуссар Ирыстоны Национ музейы байгом уыдзӕн сылгоймӕгты сурӕтты равдыст "Вдохновляющий образ женщины", фехъусын кодта Sputnik музейы пресс-секретарь Дзудцаты Тамара.

Бӕрӕгбонмӕ цӕрджытӕн фенӕн уыдзӕн Национ музейы фонды бынӕттон ӕмӕ фӕсарӕйнаг нывгӕнджыты куыстытӕ — сылгоймӕгты сурӕттӕ, се ‘хсӕн австриаг нывгӕнӕг Энтони Эберты конд ӕнӕзонгӕ сылгоймаджы ныв дӕр.

"Музейы фонды ис бирӕ сылгоймӕгты сурӕттӕ ӕмӕ дзы равзӕрстам иууыл ирддӕртӕ. Адӕмы размӕ рахӕсдзыстӕм 20 нывы онг. Мадзалы рӕстӕджы музейы кусджытӕ цӕрджыты зонгӕ кӕндзысты, равдыстмӕ кӕй нывтӕ раразмӕ кодтой ӕмӕ нывтыл кӕй сурӕттӕ ис, уыдонимӕ", — загъта Дзудцаты Тамара.

Равдыст "Вдохновляющий образ женщины" конд ӕрцӕудзӕн 7 марты ӕмӕ йӕ фенӕн уыдзӕн иу къуырийы дӕргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0