Ирон лексикæйы райрæзтыл бакусдзæн терминологон къамис

© Пресс-служба МИД РЮОРХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур экспертон советы рабадт
РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур экспертон советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къамис саразыны æнхъарæн хорзыл банымадтой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур экспертон советы рабадты хайадисджытæ. Æввахс рæстæджы хъæппæрис бавдисдзысты республикæйы президентмæ.

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад раразмæ кодта терминологон къамис саразыны хъæппæрис, кæцыйæн йæ сæйраг нысан уыдзæн ирон æвзаджы æхсæнадон-политикон æмæ иумæйаг лексикæйы рауæрæх, фехъусын кодтой Sputnik дипведомствӕйы пресс-службæйы.

Къамис саразыны хъæппæрис раразмæ кодтой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур экспертон советы рабадты рæстæджы, кæцыйы уæнгтæ рахæцыдысты министрады хъæппæрисы фарс.

Фембæлды хайадисджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй къамисы саразыны аххосæг ссис æхсæнады райрæзты ныры этап, кæцы баст у бæстæйы экономикæ æмæ политикæйы бындурон ивындзинæдтимæ, цæй фæстиуæгæн фæзынынц ног терминтæ, ивы кæнæ сæфы зæронд терминты нысаниуæг.

"Лексикæ у æвзаджы системæйы иууыл æргомдæр æмæ змæлгæдӕр аспект. Æмæ ирон æвзаг дæр нæу уæлвæтк. Ирон æвзаг цæттæ у терминтæ æрбайсынмæ. Уый тыххæй, къамисы сарæзт у æнæмæнгхъæуæг æрмæст ирон æвзагмæ бирæ нымæц нормативон-барадон документтæ тæлмац кæныны тыххæй нæ, фæлæ ма æхсæнадон-политикон æмæ нырыккон ирон æвзаджы иумæйаг лексикæйы райрæзты нысанæн", — дзырдæуы рабадты хайадисджыты уынаффæйы.

ФХМ-ы пресс-службæйы банысан кодтой, нырма бæлвырд кæй не сты къамисы сарæзты æмгъуыд æмæ сконд, уымæн æмæ уый хъуамæ нырма бавдыст æрцæуа президентмæ.

Хуссар Ирыстоны ФХМ-ы цур экспертон совет арæзт æрцыд фарон сæрд. Йе сконды ис иудадзыг уæнгтæ — республикæйы æмбæстæгтæ, тематикæмæ гæсгæ та рабадтытæм хуынд æрцæуынц æндæр эксперттæ дæр, уыдон нымæцы фæсарæйнæгтæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0