Авд ирон богалы хайад райсдзысты дунейы чемпионаты спортивон хъæбысхæстӕй

© Sputnik / Александр Кондратюк /  Ахизын медиабанкмæСпортивон хъæбысхæст
Спортивон хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсментӕ хъахъхъӕндзысты спортивон хъæбысхæстӕй Уӕрӕсе, Азербайджан, Украинӕ ӕмӕ Белоруссийы спортивон кад.

ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik. Авд ирон богалы тох кӕндзысты дунейы чемпионаты спортивон хъӕбысхӕстӕй, кӕцы уагъд цӕудзӕн Латвийы, хъусын кӕны ossetia.ru

Ирон спортсментӕ чемпионаты хъахъхъӕндзысты цыппар бӕстӕйы спортивон кад —Уӕрӕсе, Азербайджан, Украинӕ ӕмӕ Белоруссийы.

"Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сконды архайынц Байцаты Владислав, Мӕхъиты Зауыр ӕмӕ Сидахъты Зауыр. Украинӕйы спортивон кад хъахъхъӕндзысты Зассеты Ален ӕмӕ Æлдаттаты Ибрагим. Гоститы Александр та ис Азербайджаны ӕмбырдгонды скоды ӕмӕ Колыты Георгий та хъахъхъӕндзӕн Белоруссийы тырыса", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Спортивон хъӕбысхӕстӕй дунейы чемпионат цӕудзӕн Латвийы 8-13 мартмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0