Æгъуызарты Тамерланы мысæн турнир Дзæуджыхъæуы æрæмбырд кодта 50 спортсмены

© Sputnik / Алана СабееваÆгъуызарты Тамерланы мысæн турнир Дзæуджыхъæуы
Æгъуызарты Тамерланы мысæн турнир Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æгъуызарты Тамерланы мысæн гом турнир CAMARAO MMA CUP 2016 Дзæуджыхъæуы æрæмбырд кодта 50 спортсменæй фылдæр Цæгат-Кавказаг федералон зылдæй.

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik, Сабеты Алана. Цæгатирыстойнаг спорты галуан "Манеж" уагъд цæуы турнир æмхæццæ æмтохадæй (MMA) CAMARAO MMA CUP 2016.

Ерыстæ нывонд сты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы номарынæн.

Æвзæрстон тохты хайад райстой 50 спортсменæй фылдæр Кæсæг — Балхъарæй, Цæцæнæй, Стъавраполæй, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй. Ерысты уагъд цæуынц фондз уæзы категорийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0