Хъодалаты Хансиат: журналистикæйы актуалондзинад ног технологиты æнусы ноджыдæр сырæзт

© Sputnik / Плиты ФатимаРХИ сгуыхт журналист Хъодалаты Хансиат
РХИ сгуыхт журналист Хъодалаты Хансиат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны президент адæм æмæ парламентмæ йæ ныстуаны бафиппайдта республикӕйы журналистикӕйы мӕгуырау уавӕр ӕмӕ банысан кодта, кӕй хъӕуы ӕвӕстиатӕй ацы къабазы ӕмвӕзадыл схӕцын.

Ацы фарсты фӕдыл Sputnik бахатыд ХИПУ-йы журналистикæйы кафедрæйы сæргълæууæг, РХИ сгуыхт журналист Хъодалаты Хансиатмӕ, кӕцы йӕ интервьюйы ӕрдзырдта журналистикӕйы факультеты ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинадыл, иумӕйагӕй республикӕйы журналистикӕйы ӕмвӕзадыл ӕмӕ цы хъӕуы саразын, цӕмӕй уавӕр фӕхуыздӕр уа, уыдӕттыл.

— Цæмæн равзæрстай журналистикæйы дæсныйад?

— Журналистикæ, фылдæрбæрцæй, у ахæм сфæлдыстадон дæсныйад, кæцыйæн сæрмагондæй равзарæн нæй. Гæнæн ис, иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæуай журналистикæйы факультет, фæлæ æцæг журналист ма суай. Мæн уый зæгъын фæнды, æмæ сфæлдыстадон дæсныйады фæдыл куы цæуай, уæд дæм хъуамæ уа бæрæг æвзыгъддзинад равзаргæ фæдыздæхты.

Мæхæдæг чысылæй фæстæмæ тынг бирæ уарзтон фæрсын æмæ фыссын; ахуыр дæр кодтон сыгъдæг фæндзтыл. Мæ мад, куыд фæзæгъынц, йæхи æххормагæй дæр ныууагътаид, фæлæ-иу æрвылаз дæр хъуамæ рафыстаид газеттæ æмæ журналтæ.

Цыппæрæм кълас каст куы фæдæн, уæд сæрды улæфтыты рæстæджы "Пионерская правда"-йы бакастæн, газет конкурс кæй расидтис, скъоладзаутæй йæ сæрибар рæстæг чи цымыдисондæрæй æрвиты, уый фæдыл. Æз дæр бавдæлдтæн, æмæ, зæгъгæ дæр никæмæн ницы кодтон, афтæмæй сæм арвыстон фыстæг мæ сыхы æмбæлттимæ нæ сæрдыгон царды хабæртты тыххæй. Иу-дыууæ къуырийы фæстæ фæцыбырдæргондæй мыхуыр æрцыд "Пионерская правда"-йы фæрстыл. Уыцы хабар мæнæн бæрæгбæрцæй фæахъаз мæ сомбоны дæсныйад равзарыны хъуыддаджы. Афтæ æмæ, скъолайы фæстæ мæ ных сарæзтон М. Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты журналистикæйы факультетмæ æмæ йæ ивгъуыд ӕнусы 90-æм азты райдианы каст фæдæн иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ.

— Ды уыдтæ ХИПУ-йы журналистикæйы факультеты бындурæвæрджытæй иу. Цæй мидæг уыдис уæды рæстæджы ацы факультет бакæныны æнæмæнгхъæуæгдзинад?

— Растдæр уыдзæнис афтæ зæгъын, æмæ æз кæй уыдтæн журналистикæйы факультеты фыццаг ахуыргæнджытæй сæ иу. Бындур та йын æрæвæрдтой РХИ фыццаг президент Цыбырты Людвиг, ХИПУ-йы уæды ректор Джиоты Георги, профессортæ Медойты Боболкæ (сæ дыууæ дæр рухсаг уæт!), Битарты Зойæ, Плиты Гацыр æмæ Хуыгаты Илья.

Цæмæн нæ бахъуыд ацы факультет бакæныны сæр? Уæ зæрдыл ма æрлæууæд, XX æнусы 80-æм азты кӕрон гуырдзиаг-ирон хæст куыд райдыдта, уый — гуырдзиаг дзыллон информацийы фæрæзты идеологон тох æмæ пропагандæйæ. Журналистикæ уæд ссис фронты раззагон хахх. Кæй ранымадтон, уыцы адæм хорз æмбæрстой журналистон дзырды тых æмæ нысаниуæг. Æмæ, цардимæ æмдзу кæнгæйæ æмæ царды домæнтæ хынцгæйæ, райстой раст уынаффæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультет бакæныны фæдыл.

— Хансиат Герсаны чызг, бирæ рæстæджы дæргъы Ды куыстай газет "Южная Осетия"-йы культурæйы хайады редакторӕй дæр. Цы нымайыс сæйрагдæрыл — ахуыргæнæджы æви журналисты куыст?

— Мæ фæллойадон фæндаг райдыдтон областон газет «Советон Ирыстон»-æй. Куыстон ма РХИ фыццаг хæдбар телеуынынады, республикон газет "Хурзæрин"-ы, афтæ ма цæгатирыстойнаг газеттæ "Стыр Ныхас" æмæ "Народы Кавказа"-йы. Ссæдз азæй фылдæр радтон газетон хъуыддагæн æмæ дзы рацыдтæн алы къæпхæныл дæр — корректорæй райдайгæйæ сæйраг редакторы онг. Æмæ абоны бон дæр мæ къух нæ исын практикон журналистикæйыл — уадзын университетон газет "ЮОГУ-пресс" æмæ журнал "Русское слово в Южной Осетии", рæстæггай мыхуыр кæнын газет "Республика"-йы дæр.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты дæр фылдæрбæрцæй кæсын практикон дисциплинæтæ, студенттæн æргом кæнын сæ сомбоны дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Уымæ гæсгæ мæ исчи æнæзонгæ куы бафæрсы, чи дæ, цы куыст кæныс, зæгъгæ, уæд алы хатт дæр раттын ахæм дзуапп: дæн журналист æмæ кусын университеты.

Уый æмрæстæджы азæй-азмæ æз бæлвырддæрæй райдыдтон æнкъарын студентты, æрыгон фæлтæры раз хистæр кары адæмы, ахуыргæнджыты бæрндзинад. Зонындзинæдтæ биноныг кæныны æмрæнхъ ма мах хъуамæ хъомыл кæнæм хæрзæгъдау гоймæгты æмæ аккаг æмбæстæгты дæр, Ирыстоны ныхæстæй нæ, фæлæ зæрдæйæ чи уарзы, ахæм патриотты.

© Sputnik / Плиты ФатимаХъодалаты Хансиат уадзы университетон газет "ЮОГУ-пресс"
РХИ сгуыхт журналист Хъодалаты Хансиат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъодалаты Хансиат уадзы университетон газет "ЮОГУ-пресс"

— Ныртæккæ журналистикæйы факультеты цы æмвæзадыл ис ахуыр, Дæ хъуыдымæ гæсгæ дзы цы хъæуы фæивын?

— Нæ факультет, университет иумӕйагæй æмбаст сты нæ цардимæ. Уымæ гæсгæ нæ ахуыры гъæд æмæ æмвæзад дæр рæстæгæй-рæстæгмæ ивтой æмæ ивынц. Зæгъæм, 2008 азы хæсты фæстæ нæ уæлдæр ахуырад уæлдай тынгдæр фæцудыдта — æмæ уымæн ис бамбарæн. Æмткæй сисгæйæ, фæстаг ссæдз азы дæргъы хуссарирыстойнаг адæм цытæ бавзæрстой æмæ цы уавæрты цардысты æмæ архайдтой, уымæй æгæр хорз дæр стæм.

Нæмгуыты бын, уазæлтты, æрдæгæххормаг æмæ æвадатæй дæр нæ университеты иунæг бон дæр ахуыр нæ банымæг.

Ныр уавæр райдыдта æвæрццагæрдæм ивын. Университеты цæуын райдыдта, нæхи типографы кæй мыхуыр кæнæм, ахæм хуызджын газет, байгом нæм видеостуди, ис нын нæхи сайт дæр. Æмæ дзы алы ран дæр активон хайад исынц журналистикæйы факультеты студенттæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ студенттæ се ‘ппæт нæ дæттынц дзуапп факультеты домæнтæн. Ахæм уавæр ис иннæ факультетты дæр. Ныр цадæггай мах дæр ивдзыстæм нæ домæнтæ æмæ нæ ахуырадон уавæр.

Фæлæ ма мæ фæнды иу проблемæмæ хъус аздахын. Уый та у паддзахадон квотæты фарст. Сæрысуангæй дæр ацы системæ раст арæзт нæ уыдис, æмæ нæ скъолаты рауагъдонтæ, æмбæлд æви не ‘мбæлд, уæддæр, æрвыст цыдысты Республикæйӕ æддæмæ. Æмæ-иу нæ университеты сæйраг контингент та систы æппæты лæмæгъдæр рауагъдонтæ. Ацы хъуыддагмæ хъæуы лæмбынæгдæр æркæсын.

— Фæстаг рæстæджы журналистикæйы рауагъдонтæй йæ дæсныйадыл ничи кусы. Уымæй дарддæр ма Республикæйы журналистикæйы фадыджы кусджытæй се ‘мбис дæр не сты уæ рауагъдонтæ. Куыд хъуыды кæныс, ныртæккæ дæр ма ацы факультет актуалон у?

— Ам уемæ не ‘сразы уыдзынæн. Зæгъæм, паддзахадон телеуынынад "Ир"-ы кусджытæн сæ 70% бæрц, директорæй райдайгæйæ, сты нæ рауагъдонтæ. Алчи дзы бынат кæй не ссары, уый, иуæй, баст у, ваканситæ нæм фаг кæй нæй, ууыл, аннæмæй та, раст зæгъгæйæ, иунæг ахæм факультет дæр нæй — æгæрыстæмæй, Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты дæр, — æмæ йæ рауагъдонтæ се ‘ппæт дæр кусой райсгæ дæсныйадыл. Æндæр хъуыддаг у, фыссынмæ чи рæхсы æмæ газетты чи бакусид, уыдоны нымæц къаддæр кæй у. Фæлæ уымæн дæр ис объективон бындур: иумӕйагæй сисгæйæ, фыссынæй дзурын æнцондæр у, æруадзгæ рæдыдтытæ дæр афтæ бæрæгæй нæ фæзынынц уæд. Аннæмæй та, фæсивæдмæ, уæлдайдæр та чызджытæм, телеуынынады кусын цинаудæр кæсы — æхсызгон сын вæййы сæхимæ экранмæ кæсын.

Æнæуый æцæг хорз рауагъдон царды алыхатт дæр йæ бынат ссардзæн. Уымæн æндæр гæнæн нæй. Мæрдты рухсаг уæт Джыгкайты Шамил. Уый-иу афтæ дзырдта: алы курсы дæр, дам, фæйнæ дыууӕ хорз студенты куы уа, уæд, дам, зæгъæн ис, факультет кæй æххæст кæны йæ функци.

Афтæ æмæ, журналистикæйы факультеты актуалондзинад абоны бон — информаци æмæ ног технологиты æнусы — ноджыдæр сырæзт. Æнæхъæн дуне у иууон информацион "тынæй" баст, æппынæдзух дзы цæуы информацион-психологон ныхмæлæуд, æмæ ацы тохы фидар фæлæууыны сæраппонд мах дæр хъуамæ ифтонг уæм журналистикæйы ног зонæнтæй.

Стæм хатт фехъусæн ис ахæм цыбырзонд ныхæстæн дæр, ома, журналист суæвынæн æнæмæнг нæу журналистикæйы факультет фæуын æмæ йæ, зæгъгæ, уæд сæхгæнæм. Ахæм принципмæ гæсгæ куы архайæм, уæд сæхгæнæн ис кæцыфæнды факультет æмæ ахуырадон уагдонæн дæр. Зæгъæм, хорз ныв кæнын кæнæ зарын дæр æрдзæй рахæсгæ сты, фæлæ Нывгæнæн академитæ æмæ консерваторитæ ничи æхгæнын кæны. Æндæр хъуыддаг у, мах дæр нæ факультетмæ кæй хъуамæ исиккам, журналистикæмæ бæрæг æвзыгъддзинад кæмæ ис, æрмæстдæр ахæм абитуриентты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æрцæудзæн уыцы рæстæг дæр, æмæ уæд нæ факультеты куысты фæстиуджытæ суыдзысты ноджы гъæдон æмæ ахадæндæр.

© Sputnik / Плиты ФатимаХансиат Герсаны чызг рӕдауӕй дих кӕны йӕ зонындзинӕдтӕ студенттимӕ
РХИ сгуыхт журналист Хъодалаты Хансиат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хансиат Герсаны чызг рӕдауӕй дих кӕны йӕ зонындзинӕдтӕ студенттимӕ

— Иумæйагæй Хуссар Ирыстоны журналистикæйы æмвæзадæн куыд аргъ кæныс?

— Хуссарирыстойнаг журналистикæйы уавæр, дзырд дæр ыл нæй, хуыздæрхъуаг у. Йæ аххосæгтæн ис комплексон характер. Æрæджы адæм æмæ парламентмæ йæ ныстуаны РХИ президент Тыбылты Леонид дæр бафиппайдта, информацион хæст кæй æмбылды кæнæм, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, материалон-техникон æгъдауæй нæ "сыхæгтæй" нырма бæрæг фæстæдæр лæууæм, фаг нæм нæй кадрон ресурс дæр. Фæлæ æз сæйрагдæртыл нымайын дыууæ ахæм факторы: фыццаг уал уый, æмæ нæм кæй нæй хæдбар дзыллон информацийы фæрæзтæ. Журналистикæ æнæмæнгдæр бирæбæрцæй хъуамæ уа сæрибар. Хъуамæ дзы уа бæрæг конкуренци дæр. Кæннод дзыллон информацийы фæрæзтæ сæ функцитæ æмбæлон æгъдауæй никуы æххæст кæндзысты. Бирæ баст у информацийы фадыг æмæ фæрæзты разамонджытыл дæр. Дæхæдæг дæ удæй арт куынæ цæгъдай, уæд дæ коллективимæ цы хъуамæ бакусай?

— Ныртæккæ Хуссар Иры, Дæ хъуыдымæ гæсгæ, иууыл æнтыстджындæр æмæ цæттæдæр журналист чи у? Иууыл перспективондæр та? Республикон дзыллон информацийы фæрæзтæй кæцыйы нымайыс æппæты цымыдисондæрыл?

— Куыд фæзæгъынц: ирон адæймаг, дам, йе ‘фсæрмæй сæфт у. Этикон æгъдауæй дæр мæм раст нæ кæсы мæ коллегæтыл тæрхон кæнын. Фæлæ дын ратдзынæн ахæм дзуапп. Æцæг журналистикæйыл банымайæн ис, зæгъæм, Хуссар Ирыстоны фыццаг хæдбар телеуынынады куыст (Цхуырбаты Тимуры сæргълæудæй); цымыдисон æмæ æдæрсгæ уыд хæдбар газет "Ард" (проекты автор уыдис Дыгъуызты Радион, сæйраг редактор — дзæнæтыбадинаг Хъæцмæзты Алан); бæрзонд æмвæзадыл цыдис газет "Хурзæрин", дзæнæттаг Дзуццаты Хадзы-Мурат куы лæууыд йæ сæргъ, уæд. Сфæлдыстадон æгъдауæй хорз атмосферæ уыдис газет "Южная Осетия"-йы дæр Гусаты Ленгиоры рæстæджы.

Æнæуый та профессионалондзинады ныхмæ ничи фæлæудзæн. Дæ хъуыддаджы дæсны куы уай, уæд дæ фæндаг алæрдæм дæр у гом.

Ног хабӕртты лентӕ
0