Дзæуджыхъæуы кæронмæ бахæццæ Æгъуызарты Тамерланы мысæн турнир

© Sputnik / Алана СабееваÆгъуызарты Тамерланы мысæн турнир Дзæуджыхъæуы
Æгъуызарты Тамерланы мысæн турнир Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты сæйраг цаутӕ ссисты дыууæ профессионалон тохы. Клуб Camarao минæвар Гуыцмæзты Сæрмæт рамбылдта азербайджайнаг спортсмен Орхан Валиевы, æндæр ирон хæцæг Брциты Роберт та фæуæлахиз ставраполаг Ахмед Хункаровыл.

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik, Сабеты Алана. Дзæуджыхъæуы кæронмæ бахæццæ турнир æмхæццæ æмтохадæй (MMA) CAMARAO MMA CUP 2016. Ерыстæ нывонд уыдысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерланы номарынæн. Турнирмæ æрцыдысты 50 спортсменæй фылдæр Кæсæг — Балхъарæй, Цæцæнæй, Ставраполæй, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй.

Спортсментæ æмæ уазджытæ ссардтой Æгъуызарты Тамерланы рухс ном иу уысм æдзæмæй алæугæйæ.

Ерысты сæйраг цаутӕ ссисты дыууæ профессионалон тохы. Клуб Camarao минæвар Гуыцмæзты Сæрмæтæн уыд дебют профессионалон æмвæзадыл 70 кг уæзы категорийы. Уый дыккаг раунды рамбылдта азербайджайнаг спортсмен Орхан Валиевы.

93 уæзы категорийы æндæр ирон хæцæг Брциты Роберт та фæуæлахиз ставраполаг Ахмед Хункаровыл.

© Sputnik / Алана СабееваÆгъуызарты Тамерланы мысæн турнир Дзæуджыхъæуы
Турнир памяти Агузарова во Владикавказе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æгъуызарты Тамерланы мысæн турнир Дзæуджыхъæуы

Турниры спонсортæй иу — Паддзахадон Думæйы депутат Мæхъиты Зураб — æрæрвыста хайадисджытæм арфæйы фыстæг, цыран йæ цæст спортсментæн бауарзта æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм ерыстæ "фæахъаз уыдзысты рæзгæ фæлтæры æхсæн æнæниз, активон цардуаджы хæзнатæ рапарахат кæнынӕн".

Турниры уæлахиздзау Брциты Роберты ныхæстæм гæсгæ, уый рингмæ рахызт стыр бæрндзинад æнкъаргæйӕ, уымæн æмæ турнир нывонд уыд Æгъуызарты Тамерланы номарынæн, кæцы хъуамæ бакодтаид ацы ерыстæ.

"Ахæм турниртæ сты тынг ахсджиаг нæ республикæйы. Мах хъуамæ суæм дæнцæг нæ кæстæртæн, кæцытæ хъуамæ кæной активон цардуаг!", — банысан кодта уый.

Турниры 61 кг уæзы категорийы уæлахиздзау Бететы Денис йæ уæлахиз снывонд кодта йæ мадæн. Уый ма радзырдта, æмхæццæ æмтохæдтæй дарддæр ма кæй архайы уæгъдибар хъæбысхæсты. Уымæн ацы ерыстæ сты фыццаг, цыран бавзæрста йæ фадæттæ.

"Чысылæй нын нæ уыд фадат спорты ахæм хуызы архайын, уымæ гæсгæ мæ мæ фыд радта хъæбысхæстмæ. Фæнды мæ дарддæр дæр CAMARAO клуб æвдисын. Чысыл къахдзæфтæй цæуын мæ фæндтæ æмæ нысæнттæм", — загъта уый.

Уæлахиздзаутæ æмæ призертæ райстой зынаргъ призтæ турниры уазджыты — MMA æмæ K-1-ы чемпионкæ Юлия Березикова æмæ Уæрæсейы титулджын сумоисткæ, Европæйы 21 хатты чемпионкæ æмæ дунейы 9 хатты чемпионкæ сумойæ Олеся Коваленкойы, афтæ ма Цæгат-Кавказаг федералон зылды массон информацийы фæрæзты ассоциацийы сæргълæууæг Ражапа Мусаевайы къухтæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0