Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Гасситы Знауырӕн

© Sputnik / Михаил ХасиевХуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Гасситы Знауырӕн
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой Гасситы Знауырӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы сӕйраг фӕзуатмӕ ӕртыццӕджы ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ, цӕмӕй фӕстаг хӕрзбон зӕгъой республикӕйы историйы иууыл ирддӕр ӕмӕ куырыхондӕр политикӕн.

ЦХИНВАЛ, 9 мар — Sputnik. Хуссар Иры йе ‘нусон бынатмӕ афӕндараст кодтой бӕстӕйы ног историйы иууыл ирддӕр политик Гасситы Знауыр Николайы фырты.

Гасситы Знауыр йӕ цардӕй ахицӕн хуыцаубоны 91 азы кары. Зондджын ӕмӕ куырыхон гоймаг, паддзахадон архайӕг, Хуссар Иры паддзахады бындурӕвӕрӕг, ирд политик, кӕцыйӕн сӕххӕст сты йӕ бӕллицтӕ — Знауыр Николайы фырт бӕллыд Хуссар Ирыстоны хӕдбар ӕмӕ сабыр цард фенынмӕ. Ӕмӕ цӕмӕ тырныдта, уыдон се ‘ппӕт дӕр йӕ хайбавӕрдӕй ӕххӕст ӕрцыдысты.

Хуссарирыстойнаг политикӕйы патриархы амӕлӕты фӕдыл фыдохы митинг ацыд Цхинвалы сӕйраг фӕзуаты. Ардӕм Знауыр Николайы фыртӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ — республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ къухдариуӕгад, Цӕгат Ирыстон, Мӕскуы ӕмӕ Цӕгат Кавказы политиктӕ.

© Sputnik / Михаил ХасиевЗнауыры Николайы фыртӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ
Знаура Гассиева проводили в последний путь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры Николайы фыртӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ

Ныхасы рацыдысты паддзахады сӕргълӕууӕг, цӕгатирыстойнаг уазджытӕ, Гасситы мыггаджы минӕвӕрттӕ ӕмӕ Знауыр Николайы фырты хорз чи зыдта, йӕ политикон куырыхондзинад ӕмӕ зондӕн ын стыр аргъ чи кодта, уыдон.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй Гассийы фырт бӕллыд Ирыстоны хӕдбар паддзахадӕй фенынмӕ, йӕ райгуырӕн бӕстӕйыл цӕмӕй сабырад ӕрфысым уа, тырныдта Ирыстоны дыууӕ хайы ‘хсӕн хӕрзвадат фӕндаджы асгӕрстмӕ ӕмӕ уыдонӕн се ‘ппӕт дӕр ӕрӕййӕфта.

"26 августы Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад куы банымадта Уӕрӕсе, уӕд Знауыр Николайы фырт уыцы цауыл сӕмбӕлд цины цӕссыгтимӕ. Афтӕ нӕ фӕдзӕхста ӕппынӕдзух — кӕрӕдзи уарзут ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ныппарыны хъом ут", — банысан кодта йӕ раныхасы политикы иузӕрдион ӕмгар Кокойты Тарзан.

Зианджын бинонтӕ ӕмӕ республикӕйы къухдариуӕгады номыл тӕфӕрфӕсы телтӕ ӕрцыд дунейы бирӕ къуымтӕй.

© Sputnik / Михаил ХасиевЗнауыры Николайы фыртӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ
Знаура Гассиева проводили в последний путь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры Николайы фыртӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ

Дыууӕ ӕрсидты парламенты сӕрдар, республикӕйы иууыл нымаддӕр политик, кӕцыйы цардвӕндаг ӕмӕ зонд ссисты Ирыстоны политикӕйы барӕн. Гасситы Знауыры бавӕрдтой Дзауы районы, йӕ райгуырӕн хъӕу Бузалайы.

Гасситы Николайы фырт Знауыр райгуырд Цхинвалы 1925 азы революционер Гасситы Николай ӕмӕ артисткӕ Дзаттиаты Софьяйы бинонты. Каст фӕцис Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъола, уый фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта Хуссар Ирыстоны педагогон институты математикӕ ӕмӕ физикӕйы факультеты. Уӕдмӕ райдыдта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст ӕмӕ Гасситы Знауыр барвӕндӕй ацыд хӕстмӕ.

1991 азы Знауыр Николайы фырт ӕвзӕрст ӕрцыд Хуссар Ирыстоны партийы областон комитеты нымӕрдарӕй, ӕмрӕстӕджы къухдариуӕгад кодта Уӕлдӕр советӕн. Уыд фыццаг ӕмӕ дыккаг ӕрсидтыты парламенты депутат, 2004-2009 азты парламенты сӕрдар. Уый фӕстӕ куыста ӕхсӕнадон тӕрхонуаты сӕрдар ӕмӕ президенты уынаффӕгӕнӕгӕй. Хорзӕхджын ӕрцыд орден "Уацамонгӕ" ӕмӕ Советон Цӕдис ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕндӕр бӕрзонд хорзӕхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0