Женеваг дискусситы ӕмсæрдæрттæ сарæзтой информаци Цхинвалмæ сæ балцы фæдыл

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæУФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады агъуыст
УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæхимæ райста женеваг дискусситы æмсæрдæртты, уыдон æрдзырдтой Женеваг дискусситы радон раунды боныфæткыл.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Фæскавказы фæдыл женеваг дискусситы радон раунд уагъд æрцæудзæн 22-23 марты, дзырдæуы Уӕрӕсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) хъусинаджы.

Уæрæсейаг æддагполитикон ведомствӕйы куыд банысан кодтой, афтæмæй цыппæрæмы УФ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг, статс-секретарь Григорий Карасин йæхимæ райста Женеваг дискусситы æмсæрдæртты — Хуссар Кавказы фæдыл Евроцæдисы сæрмагонд минæвар Герберт Зальберы, ОБСЕ-ы сæрмагонд минæвар Гюнтер Бэхлеры æмæ ООН-ы минæвар Анти Турунены.

"Фембæлды рæстæджы æрдзырдтой Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстонимæ арæны уавæрыл, афтæ ма Женевæйы радон раунды боныфæткыл. Æмсæрдæрттæ ма сарæзтой информаци сæ балцыты фæдыл Сухум, Тбилис æмæ Цхинвалмæ", — дзырдæуы документы.

Женевӕйы дискусситӕ уагъд цӕуынц 2008 азы октябрӕй Уӕрӕсе ӕмӕ Францы президентты бадзырдтӕм гӕсгӕ. Уыдоны ӕмбарадон бындурыл хайад исынц Хуссар Ирыстон, Абхаз, Гуырдзыстон, Уӕрӕсе, АИШ, афтӕ ма Евроцӕдис, ОБСЕ ӕмӕ Иугонд нациты организацийы минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0